Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлды фæдыл

Встреча Ахсара Джиоева и Сергея Лаврова

Кæфты мæйы 4-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд. 

Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй фембæлды хайад иста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр. 

Æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дывæрсон ахастыты актуалон фарстатыл, æхсæнадæмон æмæ регионалон проблемæтыл. 

Серегей Лавров бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн сæрмагонд хæстон операцийы æххуысы фæдыл. 

Уæлдай хахх æрцыд, 2008 азы Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинад банымайыны фæдыл уæрæсейаг къухдариуæгады уынаффæйæн фæивæн кæй нæй. Дывæрсон бадзырдадтæм гæсгæ, Уæрæсе дарддæр дæр æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстонæн йæ паддзахаддзинад фидар кæныны хъуыддаджы, афтæмæй ма æдасдзинад æмæ социалон-экономикон размæдзыды фарстаты.

Фембæлды рæстæджы Дыууæ фарс дæр равдыстой сæ цæттæдзинад æддагполитикон уагдæтты дарддæры æмархайдмæ.

Фембæлд ацыд хæларадон уавæры. 

Цхинвал, 2024 азы кæфты мæйы 4-æм бон

04.10.2024