Кæфты мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста зонадон конференци «Уæрæсемæ Ирыстоны æрбаиуыл 250 азы сæххæст»-ы, кæцы ацыд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты (ХИЗИИ).
Мадзалмæ ма хуынд æрцыдысты РХИ-йы парламенты Вице-спикер Тадтаты Таймураз, Цхинвалы уæвæг Уырыссаг хæдзары Сæрдар Сергей Комиссаров, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады къухдариуæггæнæг Тыбылты Леонид.