Сообщения МИД РЮО

Archive

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл 2010 азы 15-16 декабры Женевæйы уыдис дунеон дискусситы 14-æм раунд. Куыд раздар ,афтæ та ныр дæр фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазийы, Гуырдзыстоны, УФ æмæ АНШ делегацитæ БАО, Евроцæдисы æмæ ОБСЕ минæвæртты сæрдариуæгадæй. Боны фæткы фæлгæтты æдасдзинады фæдыл кусæгон къорды фыццаг бон байхъуыстой кæрæдзийы хъуыдытæм РХИ æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон территориты уавæры тыххæй.

3 ноябры Республикæ Хуссар ирыстонмæ æрцыдис национ къаддæрады фæдыл ОБСЕ Уæлдæр Къамисар, Минæвар Кнут Воллебек.
Минæвар Кнут Воллебекы йæхимæ райста РЮО Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Фембæлды уыдысты фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ Президенты Æвджиддар Цоциты Б.Е., адæймаджы барты фæдыл РХИ президенты Æвджиддар Санахъоты Д.Г. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты А.С.

Цалдæр европæйаг бæстæты сæйраг горæдты абон уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны фарсхæцæг митингтæ, кæцыты сорганизаци кодтой «Æндидзынад»-ы дунеон æхсæнады ирон ассоциаци.

Акцитæ уагъд æрцыдысты Берлины, Страсбургы æмæ Брюсселы ИА «Рес»-æн фехъусын кодта адæймаджы барты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæсатбарджын Санахъоты Давид.

«Митинглæуджытæ æрæмбырд сты Европæйы Советы агъуысты, Еврокъамисты офисты размæ лозунгтимæ, кæцыты æвзæрыл нымадтой гуырдзиаг агресси æмæ сидтысты, гуырдзиаг ахæстæттæй ирон ахстыты ссæрибар кæнынмæ» - фехъусын кодта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккаг аз банысан кæныны охыл 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты фыдохы мадзæлттæ.

7 августы 23 сахат æмæ 35 минутыл Цхинвалы уагъд æрцыдис акции «Зæрдылдарæны Удгас Рухс», афтæ мА уыдис концерт-реквием, кæцыты хайад райстой музыканттæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй æмæ Мæскуыйы Рахманиновы Симфонион оркестр. Акциты хайад райста Республикæйы къухдариуæгад президент Кокойты Эдуард Джабейы фырты сæргълæудæй.

Женевæ, 8 июня 2010 года

8 июны 2010 азы Женевæйы уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл фæлгæтты дунеон дискусситы иуæндæсæм фембæлд. Медведев – Саркозийы 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры сразыдзинæдтæм гæсгæ Женевайы уагъд цы дискусситæ цæуынц, уым æмбар бындурыл хайад исынц Абхазы, Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы, Америкæйы Иугонд Штаты делегацитæ.

8 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Никарагуæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Молина Куадра æмæ Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Уго Хосе Гарсия Эрнандес цытджын æгъдауæй радтой Республикæ Хуссар Ирыстны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Кузьмæйы фырт Муратæн æууæнчы чингуыты халдихтæ.

Баныхасы рæстæджы дзырд цыд иуымиаг цымыдис чи æвзæрыне кæны, къорд ахæм фарстытыл, уыцы нымæцы - паддзахæдты æмкуыстгæнынады фадæттæ.

20 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъынцъым æмæ саударæн бон кæй нысан чындæуы, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы Молдаваг Республикæйы ауагъдæуыд номарæн мадзæлттæ.

Хайад дзы райстой официалон адæймæгтæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

РХИ ФХъМ-ы
пресс-службæ

28 январы Женевайы уагъд æрцыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон дискусситыфæлгæтты фарастæм фембæлд. Хайад дзы райстой Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, Республикæ Хуссар Ирыстон, афтæ ма Евроцæдисы, БНО æмæ ОБСЕ делегацитæ дæр. Уæрæсейы делегациты сæргъ лæууыдис статс-секретарь-Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г.Б.Карасин.