Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады хъусынгæнинаг Дзылон информацийы фæрæзтæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады Женевайы фарастæм раунды тыххæй

28 январы Женевайы уагъд æрцыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон дискусситыфæлгæтты фарастæм фембæлд. Хайад дзы райстой Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, Республикæ Хуссар Ирыстон, афтæ ма Евроцæдисы, БНО æмæ ОБСЕ делегацитæ дæр. Уæрæсейы делегациты сæргъ лæууыдис статс-секретарь-Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г.Б.Карасин.

Æдасдзинады фарстайы фæдыл къорд сæйраг хъусдард аздæхта Д.А.Медведев æмæ Саркозийы бадзырдмæ гæсгæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады фæдыл бакуыст æрцæуой фидар гарантитæ. Уыцы контексты ма æркастæуыдис бадзырд саразыны алыгъуызон варианттæм Æбхазы, Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл сразыдзинадæн. Ныртæккæйы ситуацийы тыххæй уынаффæ кæнгæйæ, гуырдзиаг-абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг арæнты тыххæй лæвæрд æрцыдис æвæрццаг аргъ инциденттæ ма ‘руадзын механизмтыл иумиагæй кусыны ролæн. Конкретон фæндæгтæ нысан æрцыдысты æппæт фарстæн дæр райсинаг чи у уыцы фарстатæн æбæрæг чи фесты æмæ ахст чи ‘рцыдысты, уыцы проблемæты тыххæй.

Гуманитарон фæрæзты фæдыл къорды хайадисджытæ дарддæм уынаффæ кодтой лигъдонты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ аконд чи ‘рцыдысты,уыдон проблематыл.Банысан æрцыдис ацы фарстатæ хæдбардзинады,æдасдзинады æмæ аккагдзинады приоритетон принциптыл лæууыны тыххæй.
Женевайы радон фембæлды бон нысан æрцыдис 2010азы 30 марты.

2010 азы 28 январь

28.01.2010