Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстонмæ национ къаддæрады фæдыл ОБСЕ Уæлдæр Къамисары Минæвар Кнут Воллебекы визиты тыххæй

3 ноябры Республикæ Хуссар ирыстонмæ æрцыдис национ къаддæрады фæдыл ОБСЕ Уæлдæр Къамисар, Минæвар Кнут Воллебек.
Минæвар Кнут Воллебекы йæхимæ райста РЮО Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Фембæлды уыдысты фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ Президенты Æвджиддар Цоциты Б.Е., адæймаджы барты фæдыл РХИ президенты Æвджиддар Санахъоты Д.Г. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты А.С.

Ныхасы рæстæджы Уæлдæр Къамисар Кнут Воллебекæн информации радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны 2008 азы Гуырдзыстоны августы агрессийы фæстæ националон фарстатæ куыд скъуыддзаг цæуынц æмæ хæсты рæстæджы ныппырхгонд хæдзарадтæ æндидзын кæныны процесс куыд цæуы, уыдæттæ тыххæй.
Минæвар Воллебекы ма уыцы бон йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Хъоцыты С.Я., фембæлдис Хуссар Ирыстоны националон общинæты минæвæрттимæ, уый фæстæ та бабæрæг кодта Ленингоры районы.

Цхинвал, 2010 азы 3 ноябрь

03.11.2010