Европæйы цæуынц Хуссар Ирыстоны æвварсхæцæг акцитæ

Цалдæр европæйаг бæстæты сæйраг горæдты абон уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны фарсхæцæг митингтæ, кæцыты сорганизаци кодтой «Æндидзынад»-ы дунеон æхсæнады ирон ассоциаци.

Акцитæ уагъд æрцыдысты Берлины, Страсбургы æмæ Брюсселы ИА «Рес»-æн фехъусын кодта адæймаджы барты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæсатбарджын Санахъоты Давид.

«Митинглæуджытæ æрæмбырд сты Европæйы Советы агъуысты, Еврокъамисты офисты размæ лозунгтимæ, кæцыты æвзæрыл нымадтой гуырдзиаг агресси æмæ сидтысты, гуырдзиаг ахæстæттæй ирон ахстыты ссæрибар кæнынмæ» - фехъусын кодта уый.

Страсбургы акциты хайадисджытæ æрсидтысты адæймаджы барты фæдыл (АБФЕТ) Европæйы тæрхондонмæ, цæмæй Гуырдзыстоны ныхмæ уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгты хъастыты фæдыл рахæссой объективон уынаффæтæ.

«Митингты хайад райстой европæйаг бæстæты ирон диаспорайы минæвæрттæ. Ирон диаспорайы акцитæ Европæйы цæудзысты æртæ боны дæргъы», - загъта Санахъоты Давид.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны агрессийыл дыууæ азы сæххæсты хæдразмæ ассоциаци «Æндидзынад» дæр Страсбургы конференци кæй ауагъта, кæцыйы дзырд цыдис 2008 азы августы цауты тыххæй, Хуссар Ирыстоны ныры ситуацийы æмæ Республикæйы рæзты фæдыл фарстатыл.

Конференцийы хайад райстой уæрæсейаг, хуссарирыстойнаг, европæйаг эксперттæ æмæ Европарламенты депутаттæ.

ИА "Рес"

07.08.2010