РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг хайад райста Дунеон Тымбыл фынгы куысты

2010 азы 21 июлы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Плиты А.С. хайад райста Мæскуыйы Дунеон Тымбыл фынджы куысты.

Мадзалы, кæцы уаъд цыдис «Республикæ Молдовайы Приднестровьейы регионы сабырæй аскъуыддзаг кæныны принципты тыххæй» Фидыдыл 18 азы сæххæсты охыл. Хицауиуæг ын кодта Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæты министрад. Хайад дзы истой Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В. Ястребчак, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Абхазы Минæварады фыцца секретарь П. Чукбар, афтæ ма эксперттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хицауады оранты минæвæрттæ.

Йæ арфæйы раныхасы Владимир Ястребчак бузныг загъта Тымбыл Фынджы хайадисджытæн æмæ сын радзырдта Приднестровьейы фидауынгæнæг механизмы оранизацийы бындурон принципты тыххæй æмæ дарддæр дæр фидауынгæнæг операцитæ æххæст кæныны проблемæтæ æмæ перспективæты тыххæй.
Тымбыл фынджы куысты рæстæджы дзырд цыдис уæрæсейаг æмæ дунеон фидауынгæнджытыл, планетæйы æндæр тæвд тæппыты. Банысан æрцыдис, зæгъгæ, фидауынгæнæн операциты позитивон динамикæйæн ахъазæнæг, сæйрагдæр æууæлтæй сæ иу у кæрæдзийыл æууæндындзинады мадзæлттæ фидар кæнын æмæ дыууæ ‘рдыæй дæр тыхæй ма спайда кæнын.

Тымбыл фынджы хайадисджытæй алчи дæр хорзыл банымадта Приднестровьейы чи уыдис, уыцы фидауынгæнæг операции æмæ дзырдтой, æнæмæнг æй сахуыр æмæ йын йæ фæлтæрдзинад имплементации кæй хъæуы.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ

21.07.2010