Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады пресс-службæйы хъуысынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккаг аз банысан кæныны охыл 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты фыдохы мадзæлттæ.

7 августы 23 сахат æмæ 35 минутыл Цхинвалы уагъд æрцыдис акции «Зæрдылдарæны Удгас Рухс», афтæ мА уыдис концерт-реквием, кæцыты хайад райстой музыканттæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй æмæ Мæскуыйы Рахманиновы Симфонион оркестр. Акциты хайад райста Республикæйы къухдариуæгад президент Кокойты Эдуард Джабейы фырты сæргълæудæй.

8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуард, Хицауады æмæ Парламенты уæнгтæ дидинджытæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ, афтæ ма Уæрæсейы фидауынгæнджытæ 2008 азы гуырдзиаг агрессорты ныхмæ тохы цы бынæтты фæмардæсты, уыцы бынæтты. Дидинджытæ ма æвæрд æрцыдысты, цы машинæтæ æрцыдысты сыгъд, уыдон баззайæццæгтыл? «Басыгъдгонд удты музей»-ыл дæр, ГОм æрцыдис мемориал «Хъыджы Символ».

Зæрдылдарæн мадзæлттæ ма æххæст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварадты Мæскуыйы, Сухумы æмæ Тирасполы.

Цхинвал, 2010 азы 9 август

27.01.2011