Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл 2010 азы 15-16 декабры Женевæйы уыдис дунеон дискусситы 14-æм раунд. Куыд раздар ,афтæ та ныр дæр фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазийы, Гуырдзыстоны, УФ æмæ АНШ делегацитæ БАО, Евроцæдисы æмæ ОБСЕ минæвæртты сæрдариуæгадæй. Боны фæткы фæлгæтты æдасдзинады фæдыл кусæгон къорды фыццаг бон байхъуыстой кæрæдзийы хъуыдытæм РХИ æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон территориты уавæры тыххæй. Банысан ырцыдис , зæгъгæ, æмткæй уавæр у стабилон , цъусдæр кæнынц инциденттæ.Уый æмрæстæджы РХИ делегаци катайдзинад загъта РХИ уæлдæфон тыгъдады халыны фактон бынат кæй ис,уый тыххæй, афтæ ма æнæзакъонæй паддзахадон арæнты сæрты кæй хызтæуы,уый тыххæй. РХИ минæвæрттæ банысан кодтой, зæгъгæ, банысангонд фæтк халыны аххосæгтæ сты, арæн чеуылты цæуы, уый бæлвырд кæй нæу.Фехъуысты чындæутдис, зæгъгæ, гуырдзийæгты рдыгæй фарс хъуыддагмæ сæ хъус кæй не рдардтой, ома РХИ æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæны делимитации æмæ демаркации иумæ ауадзыны мадзалмæ. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарсы бахъуыдис, цæмæй иувæрсыгæй сбæрæг æмæм снысан кæна, арæх чеуылты цæуы, уый. Ацы куыстытæ ныридæгæн æххæст цæуынц æмæ аконд æрцæудзысты кæронмæ.
Фыццаг къорды хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстоны лидер Саакашвилийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды, Республикæ Абхазы президент Сергей Багапшы æрæджыты иувæрсыгон хъусинæгтæ кæй сарæзтой, уый тыххæй ма спайда кæныны тыххæй, уымæ. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты кæд райсинаг чи нæ уыдис, Саакашвилимæ ахæм ранæй æрцыдис загъдгонд йæ хъусынгæнинаг, уæддæр Хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг делегацитæ домдтой банысангонд хъусынгæнинæгтæм æркæсын. Уымæн æмæ уыдон аразынц ног ситуации Женевæйы дискусситы кæрæдзимæ ма бабырсыны тыххæй дунеон гарантитæй бафидаргонд сразындзинадыл къухтæ бафыссыны тыххæй.
Хуссарирыстойнаг фарс радон хатт хъусдард æздæхта гуырдзиаг фарсы рдыгæй деструктивон позицимæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисæн цы миссии ис, уый кæй ницы аразы æмгæстæгты æбæрæг сæфты тыххæй, кæцыты, куыд 2008 азы размæ, афтæ 2008 азы æрцфхстой Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ æмæ сæ дардтой сæхимæ æмæ стæй фæтары сты.
Дыккагон кусæгон къорды фæлгæтты, кæцы æмтгæй уынаффæ кодта лигъдæтты фарстыл æмæ гуманитарон проблемæты блокыл. Хуссар Ирыстоны делегации фидарæй бацамыдта, зæгъгæ, æнæмæнг хъуыддаг у, цæмæй зымæджы уазæлттæ кæй æввахс кæнынц, уымæ гæсгæ Ленингоры районы тагъддæр сыфтонг чындæуа газæй.Гуырдзыстоны территорийыл Ленингоры ракйонмæ газ уадзыны хъуыддаг урæд æрцыдис 2008 азы августы æмæ уæдæй фæстæмæ фарст лæууы æнæскъуыд дзагæй, алыгъуызон æфсæндтæ кæнгæйæ. Хуссар Ирыстоны хæстиуджытæ сæрмагонд хъусдард азхæхтой гуырдзыстойнаг фарс бирæ азты дæргъы саботаж кæй кæны лигъдæтты фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаг.
Дисскусситы хуссарирыстойнаг хæдивджытæ бафидар кодтой сæ иузæрдон ахаст, раздæры фембæлды кæй раразмæ кодтой, уыцы иниацивæты фæдыл, омæ иувæрсыгон куыст Ленингоры районмæ 1989 азæй райдайгæйæ, лигъдæтты æрбаздæхынæн уавæртæ саразыны тыххæй.
Хуссарирыстойнаг фарс æрсидтис БНО УВКБ, цæмæй сын ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны баххуыс кæной æмæ йæ фарс рахæцой. Банысан æрцыдис, зæгъгæ, Гуырдзысдон йæ хъусты иувæрстæ ауагъта Хуссар Ирыстон лигъдæтты тыххæй цы инициативæтæ раразмæ кодта, уый, ацы адæмы ацы адæмы хъысмæтæй йæхи политикон нысанæн пайда кæнгæйæ.