Тæргæйтты мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста I Æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «Тибиловские чтения»-йы, кæцы ацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты.
Мадзал ацыд Университеты бындурæвæрджытæй иу, рухстауæг, ахуыргонд, зынгæ æхсæнадон архайæг Тыбылты Алыксандыры Райгуырæн боны цытæн.
Джиоты Æхсар бакаст Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ конференцийы хайадисджытæн, кæцыйы, сæрмагондæй, дзырд цæуы Тыбылты Алыксандыры хайбавæрдыл Хуссар Ирыстоны ахуырады райрæзты хъуыддагмæ.