Новости

Archive

2013 азы 5 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цыхуырбаты Казбулат йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Цхинвалы офисы сæргълæууæг Лианæ Хатчинсы.

Ныхасы рæстæджы æхсин Хатчинс информаци сарæзта фæстаг мæйты дæргъы Хуссар Ирыстоны йæ организацийы куысты тыххæй, сæрмагондæй уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, къорд ахæм практикон фарстытыл.

Дыууæ фарсы дæр загътой дарддæр дæр æмгуыстгæнынадмæ сæ цæттæдзинады тыххæй.

 

Цхинвал, 2013 азы 5 март.

 

2013 азы 13 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцимæ уыдис Женевæйы дунеон дискусситы Æмсæрдæртты делегаци. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

2013 азы 21 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г. Б. Карасинимæ. Фембæлды ма уыдис РХИ Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М. К.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæрсыг ахастыты актуалон фарстытæ æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы цы уавæр ис, уыимæ баст фастытæ дæр.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 22-æм раунды тыххæй

2012 азы 12-æм декабры йæ куыст фæци Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 22-æм радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, Европæйы Цæдис, Баиугонд Нациты Организаци æмæ ЕÆÆÆ-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыди фæсконфликтон фарстытæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

Тыбылты Даниел Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды Указмæ гæсгæ, Тыбылты Даниел Израилы фырт нысан æрцыдис Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уалвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион зонæнтæ:

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2012 азы йæ архайд дарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, æндæр закъæттæ æмæ Республикæйы нормативон-барадон базæмæ гæсгæ. 2012 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куысты сæйраг фæдыздæхтытæ, куыд раздæр, афтæ, бæлвырд цыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты стратегийæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты домæнтæм гæсгæ.

- Цахæм аргъ кæныс аивгъуыйгæ азы фæстиуджытæн Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы рæзт æмæ фидар кæныны цæстонгасæй?

- Аивгъуыйгæ аз Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдонæн, æцæгæйдæр, уыдис уæлдай зæрдылдаринагдæр юбилейон.

Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы зымæгон сессийы М. Саакашвилийы раныхасы фæдыл

Парламентон Ассамблейы сессийы президент Саакашвилийы раныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис тенденциозон, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы тыххæй рагацау кæй сфæнд кодта, ахæм. Раст зæгъгæйæ, Гуырдзыстоны президенты дзыхæй, раздæр цы риторикæйыл хæст уыдис, уымæй дарддæр мах ногæй ницы фехъуыстам. Уый та у, Гуырдзыстоны хицауад бирæ азты хæст кæуыл у æмæ йæ кульминаци 2008 азы августы агрессии кæмæн ссис, уый.

22 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауыт йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Цхинвалы офисы Сæргълæууæг Лианна Хатчинсы.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис СДДК-йы архайды тыххæй Хуссар Ирыстоны, сæрмагондæй та, 2013 азæн ацы организаци цы проекттæ сплан кодта, уыцы фарстатыл.

Фæсарæйнæг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг, æмткæй, æвæрццаг аргъ скодта Сырх Дзуары Дунеон Комитет аивгъуыйгæ азы цы куыст бакодта, уымæн, æмæ загъта дарддæр дæр ахадæн куысты фæндиæгтæ.

Цхинвал, 2012 азы 22 январь

 

Шведаг парламентари Тина Акетофты доклады фæдыл

2013 азы 21 январы Страсбургы байгом Европæйы Советы Парламентон Ассамблейæйы (ЕЦПА) зымæгон сесси, кæцыйы 23 январы раныхас кодта шведаг парламентари Тина Акетофт ахæм темæйыл: «Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе: гуманитарон ситуации, конфликт æмæ æфсæддон архайдтытæй зиан кæуыл æрцыдис, уыцы территоритыл гуманитарон уавæр».

Тина Акетофты доклады фæдыл ЕЦПА райсгæ резолюцийы тыххæй

2013 азы январы Европæйаг Цæдисы Парламентон Ассамблейы зымæгон сессийы ист æрцыдис Тина Акетофты доклад «Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе: конфликтæй æмæ хæстон архайдтытæй зиан кæуыл æрцыдис, уыцы территоритыл уавæр», кæцы Хуссар Ирыстонмæ сæвзæрын кодта къорд фарсты.