Зынаргъ Анатоли,
Ацы аз августы мӕйы сӕххаест уыдзӕн фашистон Гуырдзыйы ныхмӕ хӕстыл 13 аз.
Æрвылаз августы мæйы æрбалæуыдимæ æрхæндæг кæнынц Хуссар Ирыстоны адæм. Сымахимае иумæ мæт кæнæм мах Турчы цæрæг ирон адæм дæр.
Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæтыл куы æрлæууынц августы сау бонтæ, уæд мах дæр æрымысæм фашистон Гуырдзыйы знаджы бырст Хуссар Ирыстонмæ.
Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы трагикон цаутæ рох никуы уыдзысты, нæ хъайтарты рухс нæмттæ æнусмæ нæ зæрдыл дардзыстæм.