Арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл Фидыды бафыстæй 5 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл Фидыды бафыстæй 5 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2018 азы сусæны мæйы 22-æм бон Дамаскы ацæугæ бафысты церемони æрæвæрдта бындур дывæрсон ахастытæн, кæцытæ фидаргонд уыдысты 2018 азы сусæны мæйы 23-æм бонæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы ‘хсæн Хæларад æмæ æмгуыстады бадзырды, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы ‘хсæн Базарадон-экономикон æмгуыстады фæдыл фидыды.        

Ныфс дарын, ацы документты уагæвæрдты реализаци, афтæмæй ма æндæр дывæрсон фидыдадтæм гæсгæ иумæйаг хъуыдымæ æрцыд ахъаз уыдзæнис дарддæры æмгуыстадæн».

Джиоты Æхсар ма арфæйы фыстæг арвыста Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Башар Джаафаримæ.

 

22.07.2023