Венесуэлæйы национ хъайтар Симон Боливары райгуырдæй 240 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Латинаг Америкæйы, æмæ, сæрмагондæй, Венесуэлæйы адæмтæн Симон Боливары номимæ æнæхъæн дуг у баст, кæцы дзаг у сæрибар æрхæссæг ахсджиаг цаутæй.
Йæ рæстæджы ирд минæвар æмæ легендарон гоймаг, Симон Боливар адæмы историйы ныууагъта зынгæ фæд. Латинаг Америкæйы адæмты сæрибар æмæ иумæйагдзинады фæдыл идеятæ систы царды тох æмæ философи ахæм революционертæн, куыд Карлос Фонсека, Аугусто Сандино, Эрнесто Че Гевара, Фидель Кастро, Уго Чавес æмæ бирæ æндæр патриоттæн.
Ныфс дарын, Симон Боливары идеятæ æмæ йæ тох хæдбардзинад, æмбарад æмæ адæмы бартыл кæй адарддæр уыдзысты».
Джиоты Æхсар ма арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ.