Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Ӕхсармæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ 15 азы рацыды охыл.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«Ацы бон фынддæс азы размæ гуырдзиаг æфсад æрбабырста Хуссар Ирыстоны территоримæ. Знаджы архайдтытæ ‘ркодтой стыр бæллæхмæ, адæмы ‘хсæн бирæ зиæнттæм æмæ бæстыхæйтты пырхæнтæм.
Ӕрмæстдæр хуссарирыстойнаг адæмы æнгомдзинад æмæ хъайтардзинады фæрцы, афтæмæй ма уæрæсейаг Гарзджын Тыхты æххуысæй бантыст æрлæууын кæнын гуырдзиаг агресси, æмæ уый фæстæ Уæрæсейы ‘рдыгæй паддзахаддзинады банымад ссис ахсджиаг цау Республикæ Хуссар Ирыстоны историйы.
Хуссар Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ баззад, зæрдæтыл æнæбайгас хъæдгæмттæ ныууадзгæйæ, зындзинад кæуыл не ‘рцыд. Ацы бон Хуссар Ирыстоны адæмимæ иумæ приднестровæгтæ арынц республикæйы хъахъхъæнджыты рухс ном».