Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ 15 азы рацыды охыл

МИД Южной Осетии

15 азы размæ Хуссар Ирыстоны ‘рцыдысты трагикон цаутæ, кæцытæ дыууæ дихы фæкодтой бæстæйы æмæ адæмы цард.

2008 азы майрæмты мæйы 8-æм бон Гуырдзыстоны президент Саакашвилийы барамындæй, «коллективон Ныгуылæны» активон æххуысæй, гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл æхсæнадæмон бадзырдты сæрты ахизгæйæ, гуырдзиаг æфсæдтæ æрбабырстой Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалмæ.

Ирæтты скуынæг кæныны фæдыл операци «Сыгъдæг быдыр» адарддæр кодта 1920 азы геноциды, уæд афтæ хуыйнæг «гуырдзиаг демократон республикæйы» режим Хуссар Ирыстоны территори суанг Ручъы коммæ фестын кодта туджы лæсæнтæ. 

Майрæмты мæйы хæсты амæттæгтæ баисты бирæ ирон æмæ уырыссаг хæстонтæ, фидауынгæнджытæ, хуымæтæг цæрджытæ. Ныппырх сты бирæ ахсджиаг социалон бæстыхæйттæ, медицинон уагдæттæ. 

Дызæрдыггаг нæу, гуырдзиаг хицауады фидарæй ныфс кæй уыд, æмæ сын сæ архайдтыты тыххæй ницы уыдзæн, уымæн ахъаз уыд Вашингтоны политикæ Фæскавказы æмæ кæцыдæр бæстæты 'рдыгæй Гуырдзыстонæн æппæтварсон æххуыс. Гуырдзыстоны бахизыны фæнд НАТО-мæ, кæцы расидтæуыд 2008 азы хуымгæнæны мæйы альянсы саммиты Бухаресты, фæндаг бакодта Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агресси райдайынæн.

Уæззау, зын уавæрты уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм тох кодтой сæ зæххыл сæрибарæй цæрыны бартыл, æмæ уыцы хъуыддаджы сæ фарсмæ 'рбалæууыд Уæрæсе, кæцыйы æххуысæй бантыст æрлæууын кæнын тугкалд æмæ бахъахъхъæнын Хуссар Ирыстоны адæмы сабырад æмæ æдасдзинад. Уæрæсейы Федерацийы хицауады архайд адарддæр историон хъуыддагæй, 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон нымад æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Дунейы хæстон-политикон æндыгъддзинады ныры уавæрты, Гуырдзыйы æнæразыдзинад Женевæйы дискусситы фæлгæтты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ бафыссын, Америкæйы Иугонд Штатты æмæ се 'мцæдисонты хæстон архайдтыты сарæх Гуырдзыстоны территорийыл, Гуырдзыстоны НАТО-мæ бахызты темæйы алыварс æдзухон ныхас тæссагдзинад æвзæрын кæнынц регионы æдасдзинадæн, 2008 азæй бадзырдты уагæвæрдты æмæ стабилондзинады ныхмæ цæуынц.

Трагикон цаутæй 15 азы рацыды охыл Хуссар Ирыстоны хъыгзæрдæйæ мысынц йæ сæрибар æмæ хæдбардзинады сæраппонд чидæриддæр ратта йæ цард, уыдон рухс нæмттæ. Сæ хъæбатырдзинад уыдзæн ирд дæнцæг Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады хъуыддаджы.

Цхинвал, 2023 азы майрæмты мæйы 7-æм бон 

07.08.2023