Хуымгæнæны мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар онлайн форматы хайад райста тымбыл фынг «Æмгуыстады хид, культурæты диалог»-ы куысты, кæцы ацыд Брюсселы «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы»-йы фæлгæтты.
«Ирон культурæйы бонтæ Европæйы» цæуынц 15 азы дæргъы Æхсæнадæмон некоммерцион ассоциаци «Renaissance Sandidzan»-ы сæрдар, Бенилюксы бæстæты РХИ-йы ФХъМ-йы Уæлвæткон Минæвар Пухаты Радионы хъæппæрисæй.