Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Венесуэлæйы Козаты Нарим бабæрæг кодта Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварад Уæрæсейы Федерацийы

Н. Козаев

Тъæнджы мæйы 19-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Нарим бабæрæг кодта Венесуэлæйы Минæварад Мæскуыйы.

Каракасы тъæнджы мæйы 3-æм бон æрцæугæ цауты амæттæгтыл Козаты Н. ныууагъта мæсæллæйы ныхæстæ сæрмагонд чиныджы, кæцы бакодта Венесуэлæйы дипломатон минæварад.

2026 азы тъæнджы мæйы 19-æм бон

19.01.2026