2026 азы цыппурсы мæйы 3-æм бон Америкæйы Иугонд Штатты гæрзифтонг тыхтæ æрбабырстой Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы территоримæ. Цæфты бын фесты æмбæстагон æмæ хæстон объекттæ Республикæйы сæйраг горæт Каракас, штаттæ Миранда, Арагуа æмæ Ла-Гуайрайы.
Ацы архайд цæуы ИНО-йы Уагæвæрд æмæ æхсæнадæмон барады бындурон принципты ныхмæ, гæнæн ис æркæна Латинаг Америкæ æмæ Карибы бассейны сабырад æмæ стабилондзинадæн тæссаг фæстиуджытæм, афтæмæй ма тæссаг у милуангай адæмы цардтæн.
Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Хицауады ‘рдыгæй арæзт цæуынц æппæт къахдзæфтæ дæр, цæмæй адæм æмæ бæстæ хъахъхъæд цæуой, паддзахадон органты куыст дарддæр кæна.
Хуссар Ирыстон у Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæмæ æрбабырсты ныхмæ æмæ сиды бæрнон суверенон паддзахадты хицауадтæ æмæ æхсæнадæмон организацитæм, цæмæй уавæр дипломатон фæрæзтæй æрбæстон уа.
2026 азы цыппурсы мæйы 3-æм бон