Уæрæсейы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Хурхæтæны мæйы 12-æм бон канд Уæрæсейы бирæнусон истори, суверенитет æмæ сæрыстырдзинад не 'вдисы, фæлæ ма йæ бирæнацион адæмы фидар æнгомдзинад, йæ культурон æмæ монон хæзнаты хъæздыгад».
Афтæмæй ма Уæрæсейы боны цытæн Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæджытæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Михаил Галузин æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.