Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер-министр Кобахидзейы фидиуæнтæм, кæцытæ бынæттон дзыллон информацийы фæрæзтæн загъд æрцыдысты Уæрæсеимæ ахасытыты фæдыл ног сæрмагонд минæварады куысты тыххæй.
Гуырдзиаг премьер ногæй банысан кодта, Тбилис кæй нæ банымайдзæн «афтæ хуыйнæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ афтæ хуыйнæг Республикæ Абхазы» æмæ нæдæр хъавы семæ бадзырдадтæ бафыссынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног сæрмагонд минæвар дæр хæст уыдзæн ахæм хъуыдыйыл.
Хъыгагæн, Тбилис дарддæр дæр пайда кæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмы 'рдæм æнæраст терминологийæ æмæ комкоммæ æвдисы йæ ахаст.
Ахæм реакци радон хатт дзурæг у, гуырдзыстоны къухдариуæгад кæй нæу цæттæ æмæ æвзары зындзинæдтæ уæвæг æцæгдзинад райсыны хъуыддаджы.
Ногæй сидæм Гуырдзыстонмæ баныхæсты уæвæг форматы æмбар диалогмæ.
2026 азы кæфты мæйы 23-æм бон