Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В. фембæлды фæдыл Фæскавказы Стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы Æмсæрдæрттимæ

Встреча с Сопредседателями Международных дискуссий по безопасности в Закавказье

Кæфты мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В. райста Фæскавказы Стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы Æмсæрдæртты ОБСЕ, ИНО æмæ Евроцæдисæй Кристоф Шпети, Халед Хиари æмæ Готфрид Ханнейы. 

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Æхсæнадæмон дискусситы æрцæугæ 68-æм раунды фарстатыл, кæцы нысангонд æрцыд джеоргуыбайы мæйы 10-11 бонтæм. 

Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой Æхсæнадæмон дискусситы ахсджиагдзинад регионы æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы æмæ равдыстой сæ цæттæдзинад радон раунды фæлгæтты фæстиуæгджын куыстмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци сæйраг хъусдард аздæхта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл иумæйаг документыл бакусыны ахсджиагдзинадмæ. 

Хъусдард аздæхтæуыд гуманитарон проблемæтæм дæр, фыццаджыдæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй фесæфт æмбæстæгты фарстамæ. 

Æвæрццагæй нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куысты ахсджиагдзинад, афтæмæй ма уыцы форматы «тæвд хахх»-ы куысты фæстиуæгджын архайд.

2026 азы кæфты мæйы 27-æм бон

27.10.2026