Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С.В. Лавров арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Æхсар Мурæты фырт,

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл.

Уæзгæ хайбавæрд хæссыс уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты размæдзыдмæ. Стыр æхцондзинадимæ лæууынц мæ зæрдыл нæ фембæлдтытæ, уый нымæцы кæфты мæйы 1-æм бон Мæскуыйы кæцы ацыд, уый дæр. Ныфс дарын, æмæ дæ къухдариуæгады бын Республикæйы дипломатон службæ дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн дывæрсон æмгуыстад фидар кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон авторитеты рæзтæн.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ дæ бæрнон куысты».

20.10.2026