РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Коцты З.К. хайадисты фæдыл Æхсæзæм æхсæнадæмон онлайн-телехид «Запорожская область: эскалация террористической войны ВСУ»-йы

Кæфты мæйы 22-æм бон РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Коцты Зарина хайад райста Æхсæзæм æхсæнадæмон телехид «Запорожская область: эскалация террористической войны ВСУ»-йы, кæцы сарæзта УФ-йы делегаци Венæйы баныхæсты æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы сæрмагонд хæслæвæрдты фæдыл Минæвар Р.В. Мирошник. 

Рабадты хайад райстой алыхуызон бæстæтæй 100 минæварæй фылдæр, сæ нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстон дæр. 

Докладгæнджытæ – уæрæсейаг дипломаттæ æмæ эксперттæ раныхас кодтой Запорожьейы облæсты цæрджыты ныхмæ фыдракæндты, Запорожьейы АЭС-ыл террористон атакæты фæдыл, кæцытæ тæссаг сты канд регионы цæрджыты æдасдзинадæн нæ, фæлæ ма дæрддзæф территоритæн дæр. 

Хайадисджытæ нысан кодтой, ацæугæ телемосты рæстæджы цы æрмæджытæ æрцыдысты хаст рæгъмæ, уыдон канд экспертон дискуссийæн кæй не сты, фæлæ ма хъуамæ ахъаз уой æхсæнадæмон фæзуатты æмбæстæгты бахъахъхъæныны фæдыл дарддæры анализ æмæ барадон аргъ скæнынæн. Цæрджыты хъахъхъæнынад æмæ Æхсæнадæмон гуманитарон барадыл дзургæйæ, дывæр стандарттæй пайда кæныны бар кæй нæй, уымæ аздæхтæуыд уæлдай хъусдард. 

Коцты З.К. йæ комментарийы банысан кодта, пропагандистон атакæтæ æмæ сæрмагонд информацион операцитæй рагæй фæстæмæ уæрæхæй кæй цæуынц пайда æнæхæларадон паддзахадты ‘рдыгæй. Уый фæдыл дунеон дзыллон информацийы фæрæзтæ нæ фæуынынц историон контекст, науæд та сын цы политизацигонд позици хъарынц, уый амынæты бахауынц. Проблемæтæ хъæуы скъуыддзаг кæнын бæрæг бæлвырд фактты бындурыл. Уыцы фадыджы уæзгæ къахдзæф ссис ацæугæ телехид. 

2026 азы кæфты мæйы 23-æм бон

23.10.2026