Æхсардзинады æмæ Адæмон Иудзинады боны фæдыл Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«1989 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон у æхсардзинад, æнæбасæтгæ ныфсы фидар дæнцæг, кæцы ссис адæмы иудзинады символ. Ацы бон æрæвæрдта бындур Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбарады сæраппонд хъæбатыр тохæн .
Абон Хуссар Ирыстон размæ цæуы, хъахъхъæны йæ истори, хъæздыг культурæ æмæ æгъдæуттæ».