2011 азы 4 марты уыдис Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон 15-æм раунд,кæцыйы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны,Республикæ Абхазы,Уæрæсейы Федерацийы æмæ Евроцæдисы,ОБСЕ æмæ БНО эгидæйæ Гуырдзыстоны делегацитæ.
Гуырдзыстоны лидеры агрессивон хъусынгæнинæгтæм хъусдард аздахгæйæ,кæцыты сарæзта 2011 азы январы,Хуссар Ирыстоны делегаци сæрмагонд хъусдард аздæхта тыхæй ма спайда кæныны тыххæй æххæстнысаниуæгджын, юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къух æрфыссынмæ, кæцы фадат радтит Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ гарзджын агресситæ мауал сног кæныны фидар гарантийæн.
Æртæварсон (РХИ,УФ æмæ Гуырдзыстон) фембæлды æвæрццаг фæстиуджытæн аргъ кæнгæйæ,кæцыты фæрцы сæрибар æрцыдысты æмæ кæридзимæ радтой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ахст æмбæстæгты.Хуссарирыстойнаг фарс ногæй æрсидтис,цæмæй тыхты максимум здæхт æрцæуа æбæрæгæй чи фесæфтысты,Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты агурынмæ.Афтæ ма Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бацамыдтой РХИ уæлдæфон тыгъдад фехалыны цаутæм æмæ паддзахадон арæныл æнæзакъонæй ахизыны цаутæм Гуырдзыстоны ‘рдыгæй.
Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй загъдгонд æрцыдысты ахæм хъуыды,цæмæй Женевайы дискусситы иннæ раунды боны фæткмæ хаст æрцæуа,иуæй-иу дунеон организацитæ термин «оккупации»-йæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты кæй пайда кæнынц,уый барадон æгъдауæй цас раст у,ууыл æруынаффæ кæнын.
Гуманитарон проблемæты блокыл уынаффæ кæныны рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс акцент сарæзта РХИ Ленингоры районмæ Гуырдзыстоны территорийыл газ уадзыны хъуыддаг спог кæныныл,кæцы урæд æрцыдис 2008 азы августы,афтæ ма Ленингоры районы цæрджыты сæ раздæры цæрæн бынæттæм раздахыныл,цы нацийæ сты,уымæ нæ кæсгæйæ.
Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевайы дискусситы иннæ 16-æм раунды уагъд хъуамæ ‘рцæуа 2011 азы 6-7 июны.
Цхинвал, 2011 азы 5 март