Archive

2013 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады министр Санахъоты Давидæн фембæлд уыдис Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Президент Евгений Шевчук æмæ ПМР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Нина Штанскиимæ. Уыдон Республикæ Хуссар Ирыстоны сты Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады фондз азы юбилейон бæрæгбоны.

Фембæлды ма уыдысты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы официалон минæвар Хуссар Ирыстоны Пухаты Александр.

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл фодз азы кæй сæххæст уый фæдыл

Дæсгай азты дæргъы Гуырдзыстон тырныдта Хуссар Ирыстоны зæххыл йе ‘лдариуæгад æрфидар кæнынмæ, уый тыххæй пайда кодта националон дæлдзиныгады æппæт амæлттæй дæр, этникон асыгъдæгдзинад æмæ ма сæм комкоммæ геноцид дæр бафтаугæйæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн уымæй фервæзынæн уыдис иунæг-иу гæнæн сæхи сæрмагонд суверенон паддзахад саразын, цæмæй цардаиккой, адæймагæн аккаг чи у, ахæм цардæй, сæрибар уыдаиккой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æппынæдзух хæстон бахъавдтытæй.

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл фондз азы кæй сæххæст, уый фæдыл

- 26 августы 5 азы æххæст кæны Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны суверенитет куы банымадта, ууыл. Цахæм нысаниуæг ис 2008 азы августы Уæрæсейы ацы фæндвидар уынаффæйæн Хуссар Ирыстоны адæмы царды?

2013 азы 16 августы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) ахуыр кæнынмæ æрвыст чи æрцыдысты, уыцы студенттимæ.

Санахъоты Давид раарфæ кодта студенттæн фæлварæнтæ æнтысгæйæ кæй радтой, уый сæраппонд æмæ сын бузныг загъта сæ иузæрдион ахуыры тыххæй. Студенттæ дæр сæхи рады дзырдæй университеты ахуыр кæнгæйæ, сæ тæлмæнтыл, дзырдтой сæхи тыххæй, цы аразынц, цæмæ цымыдис кæнынц, сæ проблемæтыл æмæ сæм сомбоны цы плантæ ис, уыдæттыл.

2013 азы 10 августы Гуырдзыстоны мидæггагон хъуыддæгты министрады полицийы автомашинæ Евроцæдисы цæстдарджыты миссийы цæстыты раз æрбахызтис РХИ Цхинвалы районы Арцеуы цæрæн пункты территоримæ Гуырдзыстонимæ æмарæн паддзахадон арæны сæрты. Кæд дзы цалдæр хаты домдтой, цæмæй ныуагътаит РХИ территори æмæ аздæхтаит фæстæмæ,уæддæр сын фæстиуæг нæ уыдис, ницæмæ сæ дардта. РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы бахъуыдис уæлдæфы фæдзæхстæн æхст фæкæнын æмæ æрмæстдæр уый фæстæ арæнхалджытæ Гуырдзыстоны территоримæ аздæхтысты.

2013 азы 9-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлдис Итали-Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй Италийы делегацийыл.

Уазджытæн æгасцуат зæгъыны фæстæ Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонимæ Италийы минæвæртты контакттæн ис стыр нысаниуæг æмæ ныфсдзинад загъта ацы бастдзинæдтæ дарддæр дæр кæй уæрæхдæр æмæ фидардæр кæндзысты, афтæ ма ахъаз кæндзысты Республикæйæн дунеон изоляцийæ рахизынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Карасины Г.Б. фембæлды тыххæй

2013 азы 2 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Г.Б. Карасинимæ.

2013 азы 26 августы Тирасполы горæты «Свободная Евро-Азия»-йы Фонды Сæрдары æрхуындмæ гæсгæ Куырыхонты Советы Куырыхонты Советы Сæрдар Г.С. Маракуцы хицауиуæгадæй уагъд æрцыдысты æргом экспертон байхъуыстытæ ахæм темæйыл: «Уæрæсе æмæ Приднестровье: экономикон, социалон æмæ гуманитарон интеграци». Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Сæргълæууæг Приднестровьейы С. Сураго æмæ йæ хæдивæг С. Мясников.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл фондз азы сæххæсты боны фæдыл

26 август Хуссар Ирыстоны адæмæн у, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бон. Фондз азы размæ, уыцы бон, Уæрæсейы Президент Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста хуссарирыстойнаг паддзахады банымайыны тыххæй Указыл.

Æхсæвы 7-æм августæй 8-æм августмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады уагъд æрцыдыстызæрдылдарæн мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг хотыхджын агрессийыл фондзазы сæххæсты цытæн. РХИ Минæварады Приднестровьейы Сæргълæууæг Сергей Сураго йе’мкусджытæ æмæ тираспойлæгтæ, кæд рæгмæ уыдис, уæддæр æрæмбырд сты, цæмæй ссардтаиккой Цхинвалы сабыр цæрджытæй æмæ йæ хъахъхъæнджытæй мард чи фесты, уыдоны рухс нæмттæ.

2013 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл фондз азы сæххæсты боны цытæн.

РХИ Гуырдзыстоны хотыхджын агресситыл фондз азы сæххæсты охыл

22 азы дæргъы Хуссар Ирыстон уæвынад кæны куыд хæдбар паддзахад, афтæ. Ацы рæстæджы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм баййæфтой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æртæ тугкалæн хæсты. Гуырдзиаг абырæгон къордтæ æмæ регулярон æфсад зæххы ‘мвæд скодтой дæсгай ирон хъæуты, фæдфæбылонæй ирон цæрджытæм ахасты æххæст кодтой геноциды акттæ канд Хуссар Ирыстоны территорийыл нæ фæлæ ма Гуырдзыстонæн йæхи мидæг дæр.