2013 азы 26 августы Тирасполы горæты «Свободная Евро-Азия»-йы Фонды Сæрдары æрхуындмæ гæсгæ Куырыхонты Советы Куырыхонты Советы Сæрдар Г.С. Маракуцы хицауиуæгадæй уагъд æрцыдысты æргом экспертон байхъуыстытæ ахæм темæйыл: «Уæрæсе æмæ Приднестровье: экономикон, социалон æмæ гуманитарон интеграци». Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Сæргълæууæг Приднестровьейы С. Сураго æмæ йæ хæдивæг С. Мясников.
Байхъуысты докладтæ сарæзтой Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Хицауады Сæрдар Т.М. Туранская, Сæйраг Советы Сæрдар М.П. Бурла, социалон фарстаты фæдыл Хицауады Сæрдары хæдивæг Н.Г. Никифорова, афтæ ма АНО «Евроазиаг интеграци»-йы директор А.В. Аргунов.
Форумы хайадисджытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн раарфæ кодтой сæ националон бæрæгбон, Уæрæсейы Федераци сын сæ паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уый фæдыл, банысан кодтой, зæгъгæ, Приднестровьейы Президент Е.В. Шевчукы официалон визит Хуссар Ирыстонмæ ахъаз кæндзæнис дыууæ адæмты ‘хсæн æфсымæрон ахастытæ дарддæр дæр фидар кæнынæн.
Тирасполь, 2013 азы 26 август