Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2013 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады министр Санахъоты Давидæн фембæлд уыдис Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Президент Евгений Шевчук æмæ ПМР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Нина Штанскиимæ. Уыдон Республикæ Хуссар Ирыстоны сты Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады фондз азы юбилейон бæрæгбоны.

Фембæлды ма уыдысты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы официалон минæвар Хуссар Ирыстоны Пухаты Александр.

Ныхасы рæстæджы баунаффæ кодтой дыууæ фарсы дæр кæмæ цымыдис кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады дарддæры рæзтыл. Дыууæ фарсы дæр райгондæй банысан кодтой, дыууæ республикæйæн дæр кæрæдзиимæ ахастыты цы бæрзонд æмвæзад ис, уый æмæ нырæй фæстæмæ дæр кæй тырндзысты политикон æмæ культурон бастдзинæдты интенсификацимæ, афтæ ма РХИ æмæ ПМР алыгъуызон къабæзты партнерон ахастыты дарддæры арфдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

Санахъоты Давид бузныг загъта Республикæйæн ахæм нысаниуæгджын боны сæ визиты тыххæй æмæ ныфсдзинад бавæрдта, сæ бæстæтæ дарддæр дæр кæй цæудзысты æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ дарддæр дæр фидар кæныны фæндагыл, уый тыххæй.

Цхинвал, 2013 азы 26 август

 

03.09.2013