Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Æхсæвы 7-æм августæй 8-æм августмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады уагъд æрцыдыстызæрдылдарæн мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг хотыхджын агрессийыл фондзазы сæххæсты цытæн. РХИ Минæварады Приднестровьейы Сæргълæууæг Сергей Сураго йе’мкусджытæ æмæ тираспойлæгтæ, кæд рæгмæ уыдис, уæддæр æрæмбырд сты, цæмæй ссардтаиккой Цхинвалы сабыр цæрджытæй æмæ йæ хъахъхъæнджытæй мард чи фесты, уыдоны рухс нæмттæ.

Æрымбырджыты раз раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæргълæууæг Сергей Сураго. Уый банысан кодта, зæгъгæ, приднестровьеæгтæ хæсты тæккæ райдианæй фæстæмæ иузæрдионæй уыдысты сæ хуссарирыстойнаг æфсымæрты æвварс, активон хайад истой информацион блокадæ атоныны хъуыддаджы, дунеон æмæхсæнадмæ сидтысты, цæмæй урæд æрцыдаит тугкалд. ПМР бархионтæ хайад истой пырхгонд Цхинвалы сæндидзын кæныны дæр. 2008 азы августы кæрон уырдæм æрцыдис аварион-ирвæзынгæнæг къорд.

Мæстаг фæзынды фæстиуæгæн сырæзгæ традицимæ гæсгæ зæрдылдарæн мадзæлттæ райдыдтой Хуссар Ирыстоны Минæварадæй Кады Мемориалмæ цыдæй æмæ приднестроваг хъахъхъæнджыты ингæнтыл сæвæрдтой удæгас дидинджытæ.

Тирасполь, 2013 азы 9 август

 

20.08.2013