Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2013 азы 16 августы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) ахуыр кæнынмæ æрвыст чи æрцыдысты, уыцы студенттимæ.

Санахъоты Давид раарфæ кодта студенттæн фæлварæнтæ æнтысгæйæ кæй радтой, уый сæраппонд æмæ сын бузныг загъта сæ иузæрдион ахуыры тыххæй. Студенттæ дæр сæхи рады дзырдæй университеты ахуыр кæнгæйæ, сæ тæлмæнтыл, дзырдтой сæхи тыххæй, цы аразынц, цæмæ цымыдис кæнынц, сæ проблемæтыл æмæ сæм сомбоны цы плантæ ис, уыдæттыл.

Министр ныфсдзинад загъта, зæгъгæ, ахæм уæлдæр ахуыргæнæндон, цахæм у ДАМПИ(У) фæугæйæ, кæй рæздæхдзысты сæ Райгуырæн бæстæмæ æмæ сæ зонындзинæдтæ æмæ тыхтæ кæй аздахдзысты дунеон аренæйы æвзонг Республикæйы æвæрццаг имидж фидар кæнынмæ.

Студенттæ дзуаппытæ райстой, цæмæ цымыдис кодтой, уыдон тыххæй сæ фарстытæн, министры та фидæны дипломаттæн бафæндыдис ахуыры æнтыстытæ, банысан кодта нырæй фæстæмæ дæр сын кæй цæудзæнис æнæмæнгхъæуæг æххуыс æмæ фарсхæцынад.

Цхинвал, 2013 азы 16 август

 

03.09.2013