Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æвддæс азы рацыды бæрæгбон.
Хуссар Ирыстоны адæм бирæ азты дæргъы фæтох кодтой сæ хæдбардзинадыл. Бирæ зындзинæдтæ, цæлхдуртимæ æмбæлдысты, уыдоны ‘хсæн 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агресси, кæцы арæзт æрцыд ныгуылæны бæстæты æппæтварсон æххуысæй. Ацы цаутæ æркодтой регионы ног геополитикон реалиты сырæзтмæ.