2008 азы майрæмты мæйы трагикон цаутæй 17 азы рацыды охыл Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«2008 азы майрæмты мæйы цаутæ æнустæм баззайдзысты историйы куыд Гуырдзыстоны æгъатыр агресси Хуссар Ирыстоны цæрджыты ныхмæ. Зын рæстæджы хъæбатырдзинад æмæ хъæддыхдзинад равдисгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм аккагæй рахызтысты æппæт цæлхдурты сæрты. Абон мах стыр цытимæ мысæм, сæ цард чи æрхаста фидæны фæлтæрты сабырдзинад æмæ стабилондзинады сæрвæлтау, уыдон рухс нæмттæ.
Ацы ахсджиаг бон Республикæ Абхаз ис Хуссар Ирыстоны æфсымæрон адæмы фарсмæ æмæ хъынцъым кæны 2008 азы майрæмты мæйы Фондзбонон хæсты фæмардуæвджытыл».