2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы сæдæгай амæттæгты мысæн боны уæлдай æнæфсарм у Гуырдзыстоны премьер-министр И. Кобахидзейы раныхас. Гуырдзыстон гæрзифтонгæй кæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, кæцыйы æхсæнадæмон бадзырдадтæм гæсгæ сæ хæс æххæст кодтой фидауынгæнджытæ – у бæрæг бæлвырд факт, кæцы сфидаргонд æрцыд швейцариаг дипломат Х. Тальявинийы сæргълæудæй ЕЦ-йы хæдбар къамисы ‘рдыгæй, æмæ кæцы официалон Тбилис хъавы басусæг кæнынмæ.
Фæскавказы Æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы бындурондæр документыл бакусын гуырдзиаг политик кæй нымайы дызæрдыггагыл, уымæ лæмбынæгæй хъæуы æркæсын регионы стабилондзинад бахъахъхъæнынмæ чидæриддæр тырны, уыдоны.
2025 азы майрæмты мæйы 8-æм бон