Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр.
Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.
Тирасполы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады агъуысты раз ацыд мысæн мадзал, сæвæрдæуыд дидинтæ 2008 азы майрæмты мæйы трагеди æвдисæг баннермæ.
Сухумы кафедралон аргъуаны ацыд 2008 азы майрæмты мæйы фæмардуæвджыты рухс номыл службæ.
Дзæуджыхъæуы ацыд 2008 азы майрæмты мæйы амæттæгты рухс ном ссарыны акци. Сыгъдæг Георгийы аргъуаны раз фæзуаты Республикæйы цæрджытæ ссыгътой сæдæгай цырæгътæ. Хæсты рæстæджы фæмардуæвджыты рухс ном ссарынæн ацыд службæ. Расидтæуыд æдзæмæй алæууыны номарæн минут.
Ацы трагикон боны фæдыл акци ацыд Италийы дæр.
2025 азы майрæмты мæйы 8-æм бон