Комментарии МИД РЮО

Archive

2012 азы 27 марты Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили Сеулы саммиты пленарон сесситы ядерон æдасдзинады фарстаты фæдыл ныхас кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы схуыдта «сау афтидбынæттæ» канд наркобазарадæн нæ, фæлæ ма ядерон буарадты контрабандайæн дæр.

Абон Женевæйы Фæскавказы æдæсдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон дискусситы рауад старт куы исы, уæд ахæм ныхæстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, ис æнхъæлмæ кæсæн. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «рынчын» фарстаты фæдыл Саакашвили æмæ иннæ гуырдзиаг лидертæ мацы зæгъой, уый никуы вæййы. Афтæ у Сеулы цы саммит уагъд цæуы, уым дæр.

2012 азы 12 марты Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Нино Каландадзе æрвылкъуырийы брифингы ныхас кæнгæйæ, коментаритæ сарæзта АИШ Паддзахадон департаменты доклад наркотикыл контролы стратегийы фæдыл гуырдзиаг политиктæ сæ цайдагъдзинадмæ гæсгæ, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр сæ иу, Каландадзе, куыд штатон æвзæрдзинæдтæ тауæг, афтæ бацархайдта доклады позиции фæивыныл, кæцыты зыны катайдзинад Гуырдзыстоны наркофыдракæндты æмвазады рæзты тыххæй наркотранзиты фæаххосджын кодта Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны.

2012 азы 26 январы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе телекампани «Рустави-2»-йæн йæ интервьюйы фехъусын кодта, зæгъгæ, «Гуырдзыстоны иунæг хицауад дæр, хъауджыдæр нæу, паддзахады сæргъ чи фæнды дæр лæууа, уæддæр нæ ратдзæн бæстæйы хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад фехалын бар».

2012 азы 30 январы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Давид Джалаганиа брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ «официалон Тбилисийæн йæ бон нæ бауыдзæнис Хуссар Ирыстоны Цауты йæхи комкоммæ фæхæццæ кæнын». Дзырд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытыл, æмæ дарддæр йæ ныхас фæдырысдæр кодта, зæгъгæ, «мах архайдзыстæм, цæмæй цаутыл æндавæм уæвæг дунеон механизмтæй спайдагæнгæйæ».

АИШ æмæ Гуырдзыстоны президентты фембæлды рæстæджы нæм цы информаци цыдис, уымæ гæсгæ, уынаффæ цыд канд Гуырдзыстоны демократи æмæ ирддзинадыл нæ, фæлæ ма америкæйаг хæцæнгæрзтæ Гуырдзыстонмæ æрвитыны хъуыддаг сног кæныны фарстытыл дæр, кæцыты æрвитыны куыст урæд æрцыдис 2008 азы августы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы хæстон агресси сарæзта,уый фæстæ.

2012 азы 25 январы Страсбургы Евроцæдисы Парламентон Ассамблейы доклад сарæзта Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г. Вашадзе. Сахатæй фылдæры дæргъы уый ЕЦПА уæнгтæн дзырдта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны алыварс ситуаци куыд уыны, уый фæдыл.

Гуырдзиаг хицауиуæгад радон хатт спайда кодта бæрзонд дунеон трибунæйы, цæмæй та ногæй фехъусын кодтаит дунеон æмæхсæнадæн, йæхимæ хуыздæр куыд кæсы, ахæм информаци æмæ аххосаг аппæрстаит Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы адресмæ.

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ ногæй арæзт æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «æнæзаконæй арæзт чи æрцыдысты, уыцы афтæхуйнæг минæвæрдтæ æхгæд ‘рцæуой, уый фæстæ. Ацы хъусынгæнинагæн комментаритæ радтыны тыххæй «Рес»-ы агентады уацхæссаæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

2011 азы 23 декабры Гуырдзыстоны парламент сфидар кодта националон æдасдзинады ног концепци. Фæзты кæцыфæнды концепци бакусын æмæ æххæст кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, алы паддзахадæн дæр у йæ суверенон бар. Фæлæ ацы хъуыддаджы гуырдзиаг документ у радон цæстфæливæн пропагандистон архайд, кæцыйы нысан, сæйраджыдæр, у гуырдзиаг хицауиуæгады ныгуылæйнаг аудджыты тыххæй цы ныхæстæ цæуы, уыдон банымæг кæнын æмæ сын сæ интерестæ бахъахъхъæнын.

Дзыллон информацийы фæрæзты куыд хъусын чындæуыдис, афтæмæй АИШ-ы Сенат сфидар кодта 2012 азæн националон хъахъхъæнынады хæрдзты проект, кæцы ран ис хицæн сæр «Æфсæддон сферæйы æмкуысткæнынад Гуырдзыстонимæ».

Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 14 ноябры, хæдтæхæг скъæрæг кæм нæ уыдис, ахæм гуырдзиаг хæдтæхæг фехæлдта Хуссар ирыстоны уæлдæфон тыгъдад. Уый æрбатахтис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æмæ сæххæст кодта развæдсгарæн тахт Республикæйы территорийы сæрмæ. Хæдтæхæг уæлдæфон тыгъдад ныууагъта, æхсын æй куы райдыдтой, æрмæстдæр уый фæстæ. Хъыгагæн, уый фыццаг ахæм цау нæу. Хæдтæхæг скъæрæг кæм нæ вæййы, ахæм гуырдзиаг хæдтæхджытæ æнæзакъонæй фехалынц Хуссар Ирыстоны уæлдæфон тыгъдад.

2011 азы 7 октябры Францы президент Николя Соркози йæ визиты рæстæджы Тбилисы бирæминон митингы йæ раныхасы цы загъта,уый бирæ фарстытæ сывзæрын кодта Кавказы сабырад æмæ стабилондзинады хъысмæт æцæгæй кæй æндавы,уыдонмæ.Æрмæст ууыл дæр куы ахъуыды кæнæм æмæ Гуырдзыстоны президентимæ иумæ ахæм æндыгъд уавæр,кæцы æндæвта канд Гуырдзыстоны цæрджытыл нæ,фæлæ ма францаг æвзарджытыл дæр,уыцы паддзахадон хорзæхтæ кæрæдзийæн дæттын,йæ иттæг эмоционалон раныхасы нæ зыны 2008 азы,августы,æцæгæйдæр,Уæрæсейы президент Д.А.Медведевимæ бирæ тых чи бахардз кодта æмæ Кавказы кризисæй рахизыны планыл чи ба

Сом, 28 марты, традицимæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Хуссар Ирыстоны Дипломатийы бон. Ацы нысаниуæгджын боны фæзынд баст у уыимæ, æмæ 1992 азы 28 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы сессийы арæзт æрцыдис РХИ фыццаг Хицауад, кæцыйæн йе сконды фæзындис æддагон бастдзинæдты министрад дæр. Æддагон бастдзинæдты министрад уыдис ныры Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады райдиан хуыз. Уæдæй фæстæмæ, традицимæ гæсгæ, нысан кæнæм ирон дипломатийы бон.