2012 азы 27 марты Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили Сеулы саммиты пленарон сесситы ядерон æдасдзинады фарстаты фæдыл ныхас кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы схуыдта «сау афтидбынæттæ» канд наркобазарадæн нæ, фæлæ ма ядерон буарадты контрабандайæн дæр.
Абон Женевæйы Фæскавказы æдæсдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон дискусситы рауад старт куы исы, уæд ахæм ныхæстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, ис æнхъæлмæ кæсæн. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «рынчын» фарстаты фæдыл Саакашвили æмæ иннæ гуырдзиаг лидертæ мацы зæгъой, уый никуы вæййы. Афтæ у Сеулы цы саммит уагъд цæуы, уым дæр.
Ныртæккæ æгас дунейы ядерон ттæссагдзинады тыххæй куы сагъæс кæнынц, уæд ахæм провокацион хъусынгæнинæгтæ хисæрмагонд амбициты сæраппонд аразын у, серьезон чи нæу, ахæм хъуыддаг. Гуырдзыстоны хицауиуæгад, дунейы нымадгонд цы паддзахадтæ систы- Ренспубликæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз кæй уæвынад кæнынц, уыимæ сæ бон бафидауон кæй нæу, уымæ гæсгæ цахæмфæнды амæлæт дæр тырнынц фæстæмæ сæ раздахыныл, исчердыгæй сæм уæддæр цæмæй баххæсой, ууыл архайгæйæ, дзурынц «мониторингты æнæмæнгхъæуындзинадыл æмæ сæ дунеон полицион тыхтæ равæрыныл».
Официалон Тбилисæн æттагонполитикон ресурсты дефицит кæй у, уымæ гæсгæ хæдбар паддзахадты нымайыны процессæн йæ ныхмæ рæвæрдта «оккупаци» кæй схуыдта, уыцы процессæн йæ ныхмæ равæрдта «оккупаци» кæй схуыдта, уыцы проект. Гуырдзиаг дипломатии æттагонполитикон фæдæзæхты ныхмæ кæны активон размæбырст, йæ разы иунæг нысан æвæргæйæ-цæмæй æхсæнадон хъуыдыйæн бауырнын кæна Гуырдзыстоны этнополитикон проблемæ кæй нæй, фæлæ дзы æрмæсдæр кæй ис Уæрæсейы ‘рдыгæй æттагон агрессии æмæ оккупаци.
Уыдон хуызæн спекулятивон хъусынгæнинæгтæ Гуырдзыстоны хицауад аразы йæхи сæрмагонд проблемæтæй æмæ хæстонтыхтæ рæзын кæнынæй хъусдард æндæры ‘рдæм аздахыны тыххæй. Уымæн æмæ уыдон тасдзинад æвзарынкæнынц регионы стабилондзинадæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ агрессийы фæстæ Тбилис ныххæцыдис гуырдзиаг гарзджын тыхтæ модернизации кæныны курсыл, хæстон конфликты састы цæй тыххæй баззадис, уыцы «цухдзинадтæ» рараст кæнынмæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг Хъуыддæгты Министрад ныфсдзинад зæгъы, зæгъгæ, гуырдзиаг политикты ахæм ныхæстæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ныхмæ цæуын традицион чи систы, ахæмтæй дарддæр ницы сты æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Гуырдзысдонмæ никуы бахæстæгдæр кæндзысты. Гуырдзыстонæн ис, регионы ситуацийыл æвæрццагæй бандавыны шанс, кæд æмæ бафидауой сæвзæргæ реалондзинадимæ, Республикæ Хуссар Ирыстонимæ ныббиноныг кæной хæларсыхагон ахастытæ, кæцыйы сæраппонд, фыццаджыдæр, къухтæ хъуамæ рфыссой, тыххæй ма спайда кæныны тыххæй йæ хæсджын чи кæны, уыцы юридикон документыл, уыцы документ, кæцы ма абоны онг дæр Женевæйы дискусситы боны фæткы у иууыл сæйрагдæр. Фæлæ ахæм реалон къахдзæфтæ æмæ регионы æдасдзинад саразынмæ, куыд зыны, афтæмæй цæттæ нæу Гуырдзыстоны хицауиуæгад.
Цхинвал, 2012 азы 28 март