РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментарий

Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 14 ноябры, хæдтæхæг скъæрæг кæм нæ уыдис, ахæм гуырдзиаг хæдтæхæг фехæлдта Хуссар ирыстоны уæлдæфон тыгъдад. Уый æрбатахтис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æмæ сæххæст кодта развæдсгарæн тахт Республикæйы территорийы сæрмæ. Хæдтæхæг уæлдæфон тыгъдад ныууагъта, æхсын æй куы райдыдтой, æрмæстдæр уый фæстæ. Хъыгагæн, уый фыццаг ахæм цау нæу. Хæдтæхæг скъæрæг кæм нæ вæййы, ахæм гуырдзиаг хæдтæхджытæ æнæзакъонæй фехалынц Хуссар Ирыстоны уæлдæфон тыгъдад.

Гуырдзыстон радон провокации сарæзта НАТО парламентон ассамблейы 56-æм сессийы фоны, кæцы ацы бонты йæ куыст кæны Варшавайы. Гуырдзиаг разамонæг къухдариуæгадæн традиции ссис ахсджиаг дунеон цауты размæ, кæнæ куы фæцæуынц, уæд сæхимæ хъусдард аздахын, цæмæй ныгуылæйнаг паддзахадты ‘рдыгæй рахæцой сæ амбициты ‘вварс.

Сусæккаг никæмæн у уый æмæ къорд ныгуылæйнаг паддзахадты сефсæддон æмæ политикон æгъдауæй кæй сты, Гуырдзыстоны цы фашизм ис, уый фарсхæцджытæ æмæ ацы паддзахады къухдариуæггæнджытæ кæй разæнгард кæнынц 2008 азы гадзрахатдзинад æмæ æгъатырдзинадæй æнæпрецеденты чи уыдис, Республикæ Хуссар Ирыстоны ахæм агрессии æххæст кæнынмæ.

Уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сиды НАТО-йы къухдариуæгадмæ Альянсы уæнг – бæстæтæм цæмæй раст хатдзæгтæ саразой 2008 азы августы цаутæй, сæ зæрдыл бадарой Евроцæдисы хæдбар къамисы хатдзæгтæ уый тыххæй æмæ уæд растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта хæст, ууыл кæй нæ разы кæны юридикон æгъдауæй хæсджынгонд уавæрты Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй æмæ йæ архайд аздаха, цæмæй бандава Гуырдзыстоныл æмæ басæтта, аххосджын кæй у, цы агресси сарæзта, уый æмæ йæ фæстиуджыты тыххæй.

Цхинвал, 2010 азы 15 ноябрь

15.11.2011