2012 азы 30 январы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Давид Джалаганиа брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ «официалон Тбилисийæн йæ бон нæ бауыдзæнис Хуссар Ирыстоны Цауты йæхи комкоммæ фæхæццæ кæнын». Дзырд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытыл, æмæ дарддæр йæ ныхас фæдырысдæр кодта, зæгъгæ, «мах архайдзыстæм, цæмæй цаутыл æндавæм уæвæг дунеон механизмтæй спайдагæнгæйæ».
Æцæгæйдæр, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытимæ баст политикон процесстæ сты хæдбар паддзахадæн æрмæстдæр йæхи мидæггагон суверенон хъуыддаг, æмæ сыхаг Гуырдзыстонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы бар ис, цæмæй йæхи хæццæ кæна Хуссар Ирыстоны цауты.
Эскалации æмæ ситуацийы афтæ тынг скарз кæнын цы гуырдзиаг хицауады фæнды, уый раджы хъуамæ бамбæрстаид Хуссар Ирыстоны территори Гуырдзыстоны скондон хай кæй уыдис, ССР Цæдисы сконды куы уыдис, уæд. Ныр Советон Цæдис историты хай куы баци, уæд уыйимæ историйы хай бацис Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны кондон хайыл нымайыны æмбарынад дæр, æмæ йын ницыуал бындур ис. Уæлдайдæр та уый, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм юридикон агъдауæй рацыдысты сæ паддзахадон хæдбардзинад саразыны æххæсстæй демократон æмæ дунеон-барадон нормæтæ куыд амонынц, афтæ, фæлæ Гуырдзыстон йæхæдæг цæдисон паддзахадæй кæй рацыд, уымæй та афтæ зæгъæн нæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты размæйы ситуацийыл дзырд куы цæуа, уæд зæгъын хъæуы, дарддæр дæр кæй цæуы сабыр æгъдауæй æмæ бынтондæр тас нæу куы фæкарздæр уа, уымæй.
Афтæ, æмæ сыхаг Гуырдзыстоны чиновниктæ, уадз сæхи хъуыддæгтæ æмæ хæстæм æркæсæт, уымæн æмæ цахæм фæнды хъусынгæнинæгтæ æмæ уыдоны ‘рдыгæй «дунеон механизмтæй спайда кæнынæн» нымад цæудзысты куыд суверенон паддзахады мидæггагон хъуыддæгты хи хæццæ кæнын, афтæ.
Цхинвал, 2012 азы, 31 январь