Сом, 28 марты, традицимæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Хуссар Ирыстоны Дипломатийы бон. Ацы нысаниуæгджын боны фæзынд баст у уыимæ, æмæ 1992 азы 28 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы сессийы арæзт æрцыдис РХИ фыццаг Хицауад, кæцыйæн йе сконды фæзындис æддагон бастдзинæдты министрад дæр. Æддагон бастдзинæдты министрад уыдис ныры Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады райдиан хуыз. Уæдæй фæстæмæ, традицимæ гæсгæ, нысан кæнæм ирон дипломатийы бон. Нæ æддагон политтикон уагдоны нысан у, цæмæй царды æххæст кæна нæ паддзахады аддагон политикон хæстæ, кæдонæн политикон концепции аразы Республикæйы Президент Кокойты Эдуард.
Æхсызгон у уый, æмæ фæстаг азты æттагон палитикæйон кæй ис харз æнтыстытæ. Уый, сæйраджыдæр баст у уыимæ æмæ 2008 азы гуырдзиаг агрессии тард куы ‘рцыдис Хуссар Ирыстонæй уæд Уæрæсейы Федерации банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ йемæ саразта дипломатон ахастытæ. Уый фæстæ УФ цæвиттон бафæзмгæйæ уый1 банымадтой къорд æндæр бæстæйы дæр. Куыд æй зонут, уымæ гæсгæ абон нæ Республикæйы сæ куыст кæнынц УФ, Республикæ Абхазы, Минæварадтæ, Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварад. Дипломатон ахастытæ арæзт æрцыдысты Венесуэлæимæ, Никарагуæ æмæ Науруимæ. Мах æттаг тыхтæ дæр здахæм, цæмæй æндæр паддзахадтæ дæр райсой Уæрæсейы Федерацийы цæвиттон æмæ банымайой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.