Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

2012 азы 12 марты Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Нино Каландадзе æрвылкъуырийы брифингы ныхас кæнгæйæ, коментаритæ сарæзта АИШ Паддзахадон департаменты доклад наркотикыл контролы стратегийы фæдыл гуырдзиаг политиктæ сæ цайдагъдзинадмæ гæсгæ, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр сæ иу, Каландадзе, куыд штатон æвзæрдзинæдтæ тауæг, афтæ бацархайдта доклады позиции фæивыныл, кæцыты зыны катайдзинад Гуырдзыстоны наркофыдракæндты æмвазады рæзты тыххæй наркотранзиты фæаххосджын кодта Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны.

Маниакалон фæдфæдылондзинадæй гуырдзиаг политиктæ, æмбæлон у æви нæу, уæддæр æвæрынц фарст сыхаг паддзахадтæ - Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазмæ «æнæмæнг хъуыддагыл» нымайы дунеон полицион тыхтæ бакæнын, кæцытæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæстæйы бакæниккой гуырдзиаг диктаты дæлбар. Фæлæ ахæм митæн бынтондæр нæй перспектива Фыццаджы уал уый æмæ Хуссар Ирыстоны территорийæн бынтондæр ницы ахаст ис наркотрафикмæ, дыккаджы та Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дывæрсыг сразыдзинадмæ гæсгæ сты уырыссаг æфсæддонтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ, кæцытæ йын сты йе ттагон бастдзинад æмæ арæн хъахъхъæныны гарант æмæ мидæггагон барвæнтк хъахъæныны хъуыддаг та ифтонг кæнынц Хуссар Ирыстойнаг барадхъахъæнæг органтæ.Афтæ æмæ Гуырдзыстоны «мæтдзинад»Хуссар Ирыстонмæ дунеон полицион тыхтæ бакæныны «æнæмæнгхъæуындзинад» у бынтондæр дзæнгæда цæгъдæгау. Уæлайдæр та уый æмæ йын уый тыххæй нæй ницахæм барадон бындуртæ. Уадз уыцы дунеон барадон тыхтæ ифтонг кæнæт барвæтк, уыцы нымæцы наркотикты æрзылды сферæйы Гуырдзыстонæн йæхи мидæг, кæцымæ наркотикты фæндаг комкоммæдæр ГОм у наркотиктæ уадзæг бæстæтæй.

Ахæм хъусынгæнинæгтæ ма госпажа аразы уый тыххæй дæр, цæмæй хъусдард æндæры ‘рдæм аздаха йæхи сæрмагонд хæстон цæттæдзинад аразынæй æмæ æндæр проблематæй, кæцытæ тæссагонддзинад æвзæрын кæнынц регионы стабилондзинадæн. Кæд æмæ 2008 азы гуырдзиаг æфсад Г.Цхинвал æмæ Хуссар Ирыстоны хъæуты, сæйраджыдæр, æндæр бæстæтæй кæй истой, уыцы хæцæнгарзæй ныппырх кодтой, уæд ацы бонты Гуырдзыстоны президент Саакашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон йæхæдæг уадзын райдыдта залпæй ахстыты сарамадзантæ æмæ фидæг æфсады хæдон машинæтæ (БМП).

«Территариалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæныны гуырдзиаг ног æдзухон æртхъирæнты,уыцыæфсæддон цæттæдзинад, хъыгагæн, дунеон æмæ хсæнады æмбæлон хъусдардæй иппæрдæй, æцæгæйдæр у тынг тæссаг. Дунеон æмæхсæнад, цахæм æмбæлы, ахæм хъусдард куы здахит Европæйы хæдбар къамисы хатдзæгтæм, зæгъгæ, 2008 азы, августы, растдæр Гуырдзыстон райдыдта хæстон архайдттæ Хуссар ирыстоны ныхмæ, уæдгуырдзиаг хицауиуæгады аппетит ныртæккæ уæнт бирæ къаддæр.

Цхинвал, 2012 азы 14 март

14.03.2012