Сообщения МИД РЮО

Archive
Президент РЮО А.Э. Гаглоев встретился с Министром иностранных дел РЮО А.М. Джиоевым

Рухæны мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ. Фембæлды дзырд цыд уагдоны æддагполитикон архайдыл. 

Джиоты Æхсар æрдзырдта 35 азон юбилей бæрæг кæныны фæдыл æддагон политикæимæ баст фарстатыл. Бахахх кодта ацы цауы ахсджиагдзинад. 

«Республикæ Хуссар Ирыстоныл 35 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ æнхъæлмæ кæсæм Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Людвинг Джентскемæ» – фехъусын кодта Джиоты Æхсар.

Южная Осетия и Никарагуа

Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвинг Джентске Уитакермæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1821 азы рухæны мæйы 15-æм бон æнустæм фыст æрцыд Централон Америкæйы азфысты æмæ æвдисы адæмы тырнынад сæрибар æмæ суверенитетмæ. Ацы ахсджиаг цауæй райдыдта Никарагуайы куыд хæдбар паддзахады арæзтад.  

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл æххæст кæны 17 азы.

Æвддæс азы размæ цаутæ æрæвæрдтой фидар бындур хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æппæтварсон æмгуыстадæн. Хæлардзинад æмæ адæмы 'хсæн æнгомдзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе чысыл рæстæгмæ стратегион партнерады фадыджы сфидар кодтой ахастытæ, кæцытæ арæзт сты æууæнк æмæ æххуысы принциптыл.

Торжественная линейка

Рухæны мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Цхинвалы æртыккæгæм скъолайы ног азы райдианы фæдыл цытджын линейкæйы.

Джиоты Æхсар раарфæ кодта ахуырдзаутæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн, йæ зæрдæ сын загъта æнтыстыты фæндиæгтæ.

2025 азы рухæны мæйы 5-æм бон

А.М. Джиоев и А.М. Елбакиев

Рухæны мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-абхазаг хæларадон ахастыты дарддæры райрæзты фарстатыл. 

2025 азы рухæны мæйы 4-æм бон

Памятная акция в память о жертвах теракта в Беслане

Рухæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны раз Сæйраг фæзуаты ацыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци.

Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ министрады кусджытæ.

Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс ном, «Хъынцъымгæнаг мад»-ы обелискмæ сæвæрдтой дидинтæ, хъазæнтæ, дон.

Фæмардуæвджыты рухс номыл арвмæ суагътой 334 урс шары.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ ма хайад исынц Беслæны фыдохы мадзæлтты.

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны æрцæугæ æвирхъау терактæй 21 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Дыууын иу азы размæ сыгъдæг æмæ рухс бæрæгбон – Зонындзинæдты бон æппæт Ирыстонæн, ирон адæмæн æнустæм ссис æнæбасæтгæ рыст. 2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы террористтæ амынæттæй систой ахуырдзауты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Скъолайы агъуысты фыдгæнджытæ æртæ боны дæргъы дардтой 1128 адæймаджы. Æртæ боны адæм хъизæмарæй мардысты æнæ хæрд æмæ æнæ донæй. 

Церемония прощания с О.И. Боциевым

Майрæмты мæйы 31-æм бон Сухумы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты Сæрдар Дриаты Заза, ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Боциты Олегæн фæстаг хæрзбон зæгъыны охыл хъынцъымы церемонийы.

Встреча А. Джиоева с М. Мурджа и П. Дзоккателли

Майрæмты мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджайы æмæ Ассоциаци «Венето-Уæрæсе»-йы Сæрдар Палмарино Дзоккателлийы, кæдон æрцыдысты Цхинвалмæ кусæгон балцы. 

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд гуманитарон æмæ культурон æмгуыстад уæрæх кæныны фарстатыл. 

2025 азы майрæмты мæйы 29-æм бон

О.И. Боциев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ хъусын кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Боциты Ильяйы фырт Олегы æнæрæстæджы цардæй ахицæны охыл. 

Боциты Ильяйы фырт Олег райгуырд 1954 азы тæргæйтты мæйы 26-æм бон Абхазаг АССР-ы г. Ткварчалы. 1976 азы фæцис Харьковы паддзахадон университет. Куыста Республикæ Абхазы алыхуызон бынæтты, æппæты зындæр рæстæджыты абхазаг адæмимæ иумæ тох кодта Апсныйы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрыл. 

Ахсар Джиоев

Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар пресс-центр Sputnik Хуссар Ирыстоны хайад райста видеомост «Цхинвал-Сухум-Мæскуы»-йы куысты, кæцы ацыд Уæрæсейы 'рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Хæдбардзинад банымайыны боны цытæн. 

Видеомосты хайад райстой: Сухумы – Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Михаил Шургалин; Мæскуыйы – Уæрæсейы Уæвæг Абхазы Минæварады Минæвар Кан Тания. 

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æвддæс азы рацыды бæрæгбон.  

Хуссар Ирыстоны адæм бирæ азты дæргъы фæтох кодтой сæ хæдбардзинадыл. Бирæ зындзинæдтæ, цæлхдуртимæ æмбæлдысты, уыдоны ‘хсæн 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агресси, кæцы арæзт æрцыд ныгуылæны бæстæты æппæтварсон æххуысæй. Ацы цаутæ æркодтой регионы ног геополитикон реалиты сырæзтмæ.