Стыр хъыгзæрдæимæ райстам Абхазы паддзахадон æмæ политикон архайæг, абхазаг адæмы аккаг фырт æмæ патриот, ирд æмæ принципиалон дипломат, Хуссар Ирыстоны æмæ хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы стыр хæлар, Абхазы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Игорь Мураты фырт Ахбайы цардæй æнæрæстæджы ахицæны охыл цау.
Игорь Мураты фырты номимæ Абхазы нырыккон историйы баст у æнæхъæн эпохæ. Йæ цардвæндаг æппæтæй дæр снывонд кодта йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн, кæцыйы интерестæ хъахъхъæдта æрвылбон дæр.
Йæ цардæй ахицæн хæларзæрдæ, æргом æмæ стыр монон тыхимæ адæймаг. Уыд куырыхон зондамонæг, къухдариуæггæнæг æмæ æцæг профессионал.
Мæсæллæй кæнæм Игорь Мураты фырты æппæт хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн.