Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Гаглойты Иосифы сæргълæудæй хайад райста Æхсæнадæмон форум «Æвзонг Абхази»-йы Сухумы, кæцы сарæзта фæсивæдон æхсæнадон-политикон змæлд «Æвзонг Абхази».
Гаглойты И. раарфæ кодта форумы организатортæ æмæ уазджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы хайад райсыны фадаты тыххæй, афтæмæй ма бахахх кодта, фæсивæдæн ахæм фæзуаттæ фадат кæй дæттынц сæ хайбавæрд иумæйаг хъуыддагмæ бахæссынæн.
РХИ-йы ФХъМ-йы ÆДС-йы Сæрдар ма банысан кодта, 2008 азы хæстæй 18 азы рацыды бонты уæлдай тынг кæй ахады фæлтæрты фидар бастдзинад. Уый, фыццаджыдæр, бæрæг у хъайтарты рухс номмæ ахасты, кæцытæ 90-æм уæззау азты слæууыдысты райгуырæн зæххы сæрибардзинады сæрвæлтау æмæ снывонд кодтой æппæты зынаргъдæр – сæ цард.
Майрæмты мæйы 8-æм бон Сухумы Кафедралон Аргъуаны ссардтой 2008 азы майрæмты мæйы фæмардуæвджыты рухс ном, хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Делегаци æмæ Форумы организатортæ. Афтæмæй ма номарæн мадзалмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кация, Абхазы Вице-президент Беслан Бигвава, Абхазы Хицауады сæрдар Владимир Делба, политикон партитæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Форумы фæлгæтты ацыд змæлд «Æвзонг Абхази»-йы уанел, кæцыйы рæстæджы сфидаргонд æрцыд организацийы ног уагæвæрд æмæ равзардæуыд къухдариуæггæнæг Саид Куланба. Уымæй дарддæр ма ацыд ахуырадон программæ, кæцы конд уыд Уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы лекцитæ æмæ практикон куыстæй. Бафыстгонд æрцыдысты æмгуыстады фæдыл бадзырдадтæ.
2026 азы майрæмты мæйы 11-æм бон