Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр.
Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.
Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы кафедралон аргъуаны ацыд 2008 азы майрæмты мæйы гуырдзиаг агрессийы амæттæгты рухс номыл акци «Мысæн цырагъ».
Сухумы кафедралон аргъуаны ацыд 2008 азы майрæмты мæйы фæмардуæвджыты рухс номыл службæ.
Приднестровьейы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады бæстыхайы раз сæвæрдæуыд дидинтæ, ссардæуыд 2008 азы майрæмты мæйы цауты амæттæгты рухс ном.
Ацы трагикон боны охыл акцитæ ацыдысты Италийы дæр. Майрæмты мæйы 8-æм бон горæт Пезаройы «Сабырады бæлас»-ы раз ссардæуыд 2008 азы майрæмты мæйы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Майрæмты мæйы 7-æм бон горæт Веронæйы акцийы рæстæджы «Хæдбар Венетойы Комитет»-ы президент, ассоциаци «Венето-Уæрæсе»-йы сæрдар Палмарино Дзоккателли загъта, кæй ис Хуссар Ирыстоны адæмы ‘вварс æмæ 2008 азы цаутæ та банымадта агрессийыл.
2026 азы майрæмты мæйы 8-æм бон