Сообщения МИД РЮО

Archive

21 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат райста йæхимæ Æхсæнадæмон цæдис «Уæлахизы бындартæ»-йы Президент Калякин В.В.

Хæларадон ныхасы рæстæджы Валерий Калякин радзырдта, зæгъгæ, Цæдисы архайды сæйраг здæхтытæй иу у «историон зæрдылдарынад бавæрын, сæйраджыдæр та, Стыр Фыдыбæстон хæсты советон адæмы сгуыхтдзинады кой ма ферох кæнын». Уымæй дарддæр ма Калякин банысан кодта, ирæттæ Стыр Фыдыбæстон хæсты канд хайад нæ райстой, фæлæ ма ныууагътой хæсты историйы зынгæ фæд.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæндунеон дискусситы 34-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2015 азы 8-9 декабры Женевайы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæндунеон дискусситы 34-æм радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лаеууыдис Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

26 ноябры Республика Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы З.Н. Æууæнчы грамотатæ радта Уæрæсейы Федерацийы Президент В.В. Путинмæ.

Цытджын церемони уагъд æрцыд Кремлы Стыр галуаны Александры залы.

Цхинвал, 2015 азы 26 ноябрь

 

 

24 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады СНГ-йы бæстæты Цыппæрæм Департаменты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хайады Хистæр А.А. Старковимæ.

Фембæлды хайад райстой РХИ ФХМ-ы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты хайады Хистæр Санахъоты А.Г., РХИ-ы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар УФ-ы Кæрджиты Э.К., РХИ-ы УФ-ы Минæварады Уынаффæгæнæг-минæвар Сошнин В.Н.

23 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполатимæ.

Фембæлды рæстæджы Президентæн лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны фыццаг дипломатон паспорт.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайдыл. Сæрмагондæй Цхуырбаты Хъ. æрдзырдта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экпертон советы фыццаг рабадты тыххæй, кæцы уагъд æрцыд 19 ноябры. Президент æвæрццагыл банымадта Министрады ахæм хъæппæрис æмæ банысан кодта, ахæм форматы куыст кæй у ахсджиаг, уый.

01.08.2015 азы РХИ-ы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Цхуырбаты Хъасполаты бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон совет. 19 ноябры 2015 азы уагъд æрцыд Экспертон советы фыццаг рабадт.

17 ноябры Цхинвалы Фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй Женевайы дискусситы хайадисæг Хуссар Ирыстоны делегацийæн кусæгон фембæлд уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевайы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Æмсæрдæрттимæ, кæцытæРеспубликæмæ æрцыдысты дскусситы радон раунды хæдразмæ.

Ауагъд чи ‘рцыдис, уыцы фембæлды уынаффæ цыдис, ацы аз, 8-9 декабры чи хъуамæ уа, Женевайы дискусситы уыцы 34-æм раунды боны фæткы фарстатыл.

1 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Коцты А.К. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады иннæ кусджытæ дидинджытæ бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ, Египеты катастрофайы чи бахаудис, уыцы уæрæсейаг авиалайнеры фæмардуæвæг бæлццæтты æмæ экипажы ном арыны сæраппонд.

Цхинвал, 2015 азы 1 ноябрь

 

 

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 33-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2015 азы 6-7 октябры Женевæйы йæ куыст кодта Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дунеон дискусситы радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лаеууыдис Фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

2015 азы 6 июлы Сицилийы горæт Палермойы уагъд æрцыдис Итали-Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент Мауро Мурджиайы пресс-конференци. Мауро Мурджиа италийаг журналисттæн лæмбынæг æрдзырдта раст, æцæгдзинад æвдисæг информаци Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты историйы фæдыл, афтæ май æ абоны дунеон уавæры тыххæй дæр.

1 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. Хетæгкаты Къ. номыл гимназ «Альбионмæ» фæхуыдта йæ директор Гуыцмæзты И.И., цæмæй гимназы хистæр кълæсты æмæ ахуыргæнджыты раз раныхас кодтаит. Цхуырбаты К.И. уыдонæн æрдзырдта, дунеон политикон ситуацийы Министрад цахæмæй уыны, уый тыххæй, уыцы нымæцы Æввахс Скæсæны цауты тыххæй дæр.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Информацион-аналитикон управленийы хистæр Чехойты А.Я.

20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. йæхимæ райста Хæххон-Карабахы Республикæйы официалон делегацийы, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Республикæ расидыны 25 азы бæрæгбоны цытæн.

Делегацийы сæргълæууæг уæлвæткон ситуациты паддзахадон службæйы Директор А.Ю. Арутюняны æмæ ХКР Националон æмбырды минæвар Сомихстоны Националон æмбырды К.Ж. Топчян Цхуырбаты К.И. радтой ХКР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мирзоян К.А. æрвитæггаг арфæтимæ Паддзахадон бæрæгбоны цытæн.