Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

24 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады СНГ-йы бæстæты Цыппæрæм Департаменты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хайады Хистæр А.А. Старковимæ.

Фембæлды хайад райстой РХИ ФХМ-ы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты хайады Хистæр Санахъоты А.Г., РХИ-ы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар УФ-ы Кæрджиты Э.К., РХИ-ы УФ-ы Минæварады Уынаффæгæнæг-минæвар Сошнин В.Н.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы Бадзырды цы фидыдты проекттæ ис, уыдоныл бакуысты тыххæй. Уымæй дарддæр ма æрныхас кодтой дывæрсыг ахастыты актуалон аспекттыл.

Цхинвал, 2015 аз 24 ноябрь

 

24.11.2015