Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæндунеон дискусситы 34-æм раунды фæстиуджыты тыххæй
2015 азы 8-9 декабры Женевайы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæндунеон дискусситы 34-æм радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лаеууыдис Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.
Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр куыст цыдис дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинады æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл.
Фыццаг кусæгон къорды, кæцы уагъд цыдис 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры бадзырдмæ гæсгæ, сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыдис регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны фарстатæм, уынаффæ сыл кæнынмæ æмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй цæмæй ма спайда кæна, ууыл.хуссарирыстойнаг делегаци та дискусситы хайадисджытæм ногæй æрсидтис, цæмæй фæактивондæр кæной дывæрсыг бадзырдты бындурыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл кусыны хъуыддаг Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстон æмæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл сразыдзинады тыххæй, кæцытæн хъуамæ уа фидар æхсæндунеон гарантитæ.
Дарддæргонд цыдис дискусситы хайадисджыты иумиаг хъусынгæнинаджы текстыл экспертон куыст тыхæй ма спайда кæныны принципты бындурыл. Фæлæ та ацы хъусынгæнинаджы текстыл ногæй сразыдзинад къухты кæй нæ бафтыдис, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци бавдыста, цæмæй æхсæнкъахдзæфты хуызы арæзт æрцæуа дискусситы хайадисджыты дзыхæй дзургæ иувæрсыг хъусынгæнинаг, иумиагæй разыдзинад кæмæн ис, уыцы æхсæндунеон барады тыххæй, æртхъирæны принцип дæр ма йæм бафтаугæйæ. Афтæ ма амынд æрцыдис, цæмæй спайда кæной, раздæр уыдон хуызæн цы хъусынгæнинæгты проекттæ бацæттæ кодтой, уыдонæй. Бадзырдтой, цæмæй ацы куыст адарддæр кæной, иннæ хатт цы раунд уыдзæнис, уым.
Сæ кæрæдзийæн лæмбынæгæй сæ хъуыдытæ загътой хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æмæ абхазаг-гуырдзиаг паддзахадон арæнты æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты тыххæй. Банысан æрцыд ситуаци, абаргæйæ, стабилондæр кæй у хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны районы, кæцыйыл уынаффæ цы рæстæджы цæуы, уым нæ уыдис, ситуаци цæмæй фæвазыгджындæр уыдаит, ахæм серьезон инциденттæ. Банысан æрцыдис паддзахадоны арæныл фæткхалыны хъуыддаджы гуырдзыстойнаг æмбæстæгты нымæц кæй фæфылдæр, уый. Уыимæ иумæ, уынаффæйы хайадисджытæ гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй банысан кодтой дестабилизацион фæдæздæхт æмæ, провокацион характер, фыддæрадæн кæй халынц хуссарирыстойнаг арæнты нысæнттæ æмæ инженерон-хъахъхъæнæн арæзтадтæ, хуссарирыстойнаг территори кæуылты цæуы, уыцы гуырдзыстойнаг арæнты фарсмæ чи сты, уыдон.
Дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ сæ Хицауады номæй ногæй сфæлхат кодтой бавдыст гуырдзыстойнаг фарсмæ, цæмæй иумæ рæвналой дывæрсыгон куыстмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы куыстмæ. Уый радтит стыр проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фадат, кæцытæ баст сты,арæнгæроны бадзырдтæ кæй нæй, уыцы хъуыддагимæ.
Дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ бамбарын кодтой, УФ арæнгæрон æфсæдты пост Мамисоны æфцæджы хуссар фарсы районы кæй сæвæрдта, уый фæдыл гуырдзыстойнаг фарсы претензитæн бынтондæр бындур кæй нæй, уыцы хъуыддаг. Уымæн æмæ уый ис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон арæныл.
Дискусситы хайадисджытæ позитивон аргъ скодтой Инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмтимæ (МПРИ) æмкуыст кæнынæн, куыд хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны районы стабилондзинады æмæ æдасдзинады ахсджиаг фактор, афтæ. Нысан æрцыдис (МПРИ) фæлгæтты бастдзинады «тæвд хахх» кæй кусы, уый ахсджиагдзинад дæр.
Дискусситы Хуссар Ирыстоны хайадисджытæ тыхстдзинад равдыстой регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн тæссаг чи у, Гуырдзыстоны НАТО структурæты активизаци кæй уæрæхдæр кæны, уый фæдыл, кæцы баст у тыхæй ма спайда кæныны фæдыл Гуырдзыстон юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къух кæй нæ фыссы, ууыл æмæ гуырдзыстойнаг хицауады минæвæрттæ агрессивон хъусынгæнинæгтæ кæй аразынц. Уыимæ иумæ ма банысан æрцыдис НАТО минæвæртты хъусынгæнинаджы тыххæй дæр, кæцытæн æсаргъгæнæн ис, куыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ ахасты Гуырдзыстоны реваншистон хъуыдыты фарсхæцынады ‘вварс кæнын, афтæ.
Дискусситы рæстæджы лæмбынæг дзырд цыдис гуманитарон фарстатыл, кæцыты ахсджиаг бынат æрцахстой, æбæрæгæй чи фесæфтысты, афтæ ма Гуырдзыстоны æнæзакъонон тæрхон кæуыл скодтой, уыдоны хъысмæт.
Ныфс бавæрдæуыдис, зæгъгæ, сæрмагондæй хуынд чи ‘рцыдис, уыцы æхсæндунеон эксперт Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй сæфтыл нымад чи цæуынц, уыдон хъысмæт кæй рабæрæг кæндзæнис, уымæй. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ та ногæй загътой, Хуссар Ирыстоны хицауад цæттæ кæй у, кæрæдзимæ ахст чи сты, уыцы ахстыты дыууæ ‘рдыгæй фарс ссæрибар кæныны фарст аскъуыддзаг кæнынмæ. Ахæм хорз хъуыддаг фæстаг рæстæджы цалдæр хатты æххæст æрцыдис ацы фæдæздæхты.
Культурон бынтыл уынаффæ кæныны рæстæджы ногæй æвæрд æрцыдис фарст, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ фæстæмæ здæхт æрцæуа, Хуссар Ирыстоны музейæ давд чи ‘рцыдис æмæ ныртæккæ Гуырдзыстоны чии с, уыцы рагон дуджы икона-триптих.
Лигъдонты проблемæйы фæдыл кæронбæтæн раунды дискусси уагъд не ‘рцыдис. Лигъдонты тематикæйыл уынаффæ сног кæныны гæнæн ис, Гуырдзыстон ацы проблемæйы хæдаразгæ политизацийы бахъавдтытыл йæ къух куы сиса, уый фæстæ.
Гуырдзыстоны делегацийы минæвæртты æнæконструктивон позици, кæцытæ хъавынц, цæмæй иннæ хайадисджытыл ныббæттой сæхи сæрмагонд боны фæтк æмæ фыццаг кусæгон къорды сæрдариуæгады Зальберы фæстæ куыдфæндыйы ахаст нæ радта уæвæг фæткмæ гæсгæ рабадт кæронмæ фæуыны фадат.
Конфликт цы бынæттæм æрхаудис, уыцы регионты цæрджыты æмбæстагдзинад, чи у æмæ иу ранæй иннæ ранмæ цæуыны документтæ банымайыны сæраппонд дискусситы 34-æм раунды хæдразмæ уыдис дискусситы информацион сесси, кæцыйы нысан уыдис, ацы хъуыддаджы дунеон фæлтæрдзинад райсын.
Дискусситы радон раунд, рагацау бадзырдмæ гæсгæ уагъд æрцæудзæнис 2016 азы, марты.
Женева, 2015 азы 9 декабрь