1 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. Хетæгкаты Къ. номыл гимназ «Альбионмæ» фæхуыдта йæ директор Гуыцмæзты И.И., цæмæй гимназы хистæр кълæсты æмæ ахуыргæнджыты раз раныхас кодтаит. Цхуырбаты К.И. уыдонæн æрдзырдта, дунеон политикон ситуацийы Министрад цахæмæй уыны, уый тыххæй, уыцы нымæцы Æввахс Скæсæны цауты тыххæй дæр.
Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Информацион-аналитикон управленийы хистæр Чехойты А.Я.
Ныхæсты рæстæджы Цхуырбаты К. И. комментари сарæзта БНО ГА юбилейон 70-æм сессийы В. В. Путины раныхасæн, радзырдта ныртæккæ дунейы цы тæссагдзинæдтæ ис, уыдоны тыххæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныры æттагон политикæйы аспектты тыххæй.
Министр дзуапп радта ахуыргæнинæгты бирæнымæц фарстытæн, кæцытæ тынг цымыдисдзинад равдыстой æттагон политикæйы фарстатæм.
Цхинвал, 2015 азы 1 октябрь