Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 33-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2015 азы 6-7 октябры Женевæйы йæ куыст кодта Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дунеон дискусситы радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лаеууыдис Фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

Ныббиноныггонд традицимæ гæсгæ куыст цыдис дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинады æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл. Медведев-Саркозийы 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры планмæ гæсгæ дискусситы фыццæгæм кусæгон къорды цыдис регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны фæндæгтыл æмæ Гуырдзыстон, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы тыххæй ма спайда кæна, уый фæдыл фарстатыл. Дебатты цыды рæстæджы хуссарирыстойнаг делегаци радон хатт æрсидтис дискусситы хайаджджытæм, цæмæй фæактивондæр кæной юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документтыл куыст, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ дывæрсыг сразыдзинадмæ гæсгæ тыхæй не спайда кæндзæнис æмæ уымæн хъуамæ уа фидар æхсæнадæнон гаранти. Амынд æрцыдис экспертон куыст бакæныны дискусситы хайадисджыты фарсхæцынады принцип тыхæй ма спайда кæныны фæдыл иумиаг текст æрæмных кæныны тыххæй. Экспертон æмвæзадыл текстыл бакусыны сæраппонд уæддæр къухты кæй нæ бафтыдис, уый зæрдыл даргæйæ, хаст æрцыдис ахæм фæндон, цæмæй иумиаг хъусынгæнинаджы текстыл уынаффæ кæныны фарст здæхт æрцæуа дисикусситы кусæгон къорды æмвæзадмæ.

Дыууæ фарсы дæр лæмбынæгæй сæ хъуыдытæ загътой хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æмæ абхазаг-гуырдзиаг Паддзахадон арæнты районты æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл. Фебæлды хайадисджытæ банысан кодтой хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæнгæрон районы уавæр, абаргæйæ, стабилондæр кæй у, уый. Статистикæйы зонæнтæм гæсгæ дзæвгар фæкъаддæр арæнхалыны, уæлдайдæр та, атрæзт чи цыдысты, уыцы цауты нымæц. Хуссар Ирыстоны делегацийы хъуыдымæ гæсгæ, уый баст у информацион арæнон нысæнтты æмæ инженерон-уромæн арæзтадты фæрцы, кæцытæ æвæрд æрцыдысты ирыстойнаг территорийыл Паддзахадон арæны цурты. Уыдон бынæттон цæрджытæн амонынц, арæн кæуылты цæуы уый.

Уыцыиу рæстæджы ма дискусситы хайадисджытæ фехъусын кодтой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс, ацы аз, июлы Цъинагар æмæ Орчъосаны хъæуты цур æххæсткæй æрцыдысты барæй кæйсарæзтой, ахæм акцитæ, кæцыты архайд здæхт уыдис барæй Паддзахадон арæн фехалынмæ æмæ цæрджытæн цы арæнгæрон информацион нысæнттæ уыдысты, уыдон фехалынмæ. Уый фæдыл хуссарирыстойнаг делегаци апарахаткодта æмбæлон документалон æрмæджытæ.

Хуссар Ирыстоны делегаций æ Хицауады номæй ногæй загъта гуырдзиаг фарсæн, цæмæй дывæрсыг бындурыл рæвналой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн Паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци кæнынмæ. Уый радтит арæнты тыххæй бадзырдтæ кæй нæй, уыцы хъуыддаджы бирæ проблемæтæ аиуварс кæныны фадат.

Гуырдзыстон-ирон арæныл стабилондзинад æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы, куыд ахсджиаг фактор, афтæ нысан æрцыдис инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизм (МПРИ) кæцы архайы Женевайы дискусситы фæлгæтты. Банысан æрцыдис МПРИ-ы «тæвд хахх»кæй архайы, уый ахадындзинад дæр.

Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Уæрæсейы сæ тыхстдзинад равдыстой, Гуырдзыстон НАТО-йы æфсæдтон блокимæ интеграци аразыны активон къахдзæфтæ кæй аразы, уый фæдыл. Уæлдай тасдзинад та æвзæрын кæны Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы ахуыргæнæн центр арæзт кæй цæуы, Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæстæг регуляронæй иумиаг æфсæддон ахуыртæ уагъд кæй цæуынц, дарддæр дæр Гуырдзыстоны йæ уæвынад кæй уæрæхдæр кæны, альянсы уыцы плантæ. Банысан ма æрцыдис, зæгъгæ, Гуырдзыстон НАТО-мæ хæстæг кæй балæууыдис, уый Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документыл йæ къух кæй нæ фыссы æмæ йын суверенон паддзахадтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритæм претензитæ кæй ис, уый фоны нæй гæнæн æмæ катайдзинад ма ‘взарын кæна.

Лæмбынæгæй дзырд цыдис гуманитарон фарстатыл дæр, кæцыты ахсджиаг бынат уыдис Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ Гуырдзыстоны æнæзакъонон тæрхон кæуыл скодтой, уыцы æмбæстæгты хъысмæты тыххæй хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, зæгъгæ ацы фæдæздæхты фарстатæ скъуыддзагкæныны прогресс гæнæн ис æмæ суа сыхаг паддзахадты ‘хсæн кæрæдзийыл æууæндыны ахсджиаг элемент æмæ та ногæй сфæлхатт кодта Президент Тыбылты Л.Х. раздæры фæндондзинад, кæрæдзийæ сæм ахстытæ чи сты, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны, уыцы æмбæстæгты ссæрибар кæныны тыххæй. Ацы фæдæздæхтæн дискусситы хайадисджытæ æсаргъ кодтой, куыд ахсджиаг къахдзæф, афтæ. Хорзыл банымадтой, Хуссар Ирыстоны хицауад июлы, уголовон хъуыддаг саразыны тыххæй Хуссар Ирыстоны тæрхон кæуыл æрцыдис, уый кæй ссæрибар кодтой, уый дæр.
Уынаффæ кæныны рæстæджы та хуссарирыстойнаг фарс ногæй рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хъысмæты тыххæй сын æхсæнадæмон æхсæны лæгтæ ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны территорийыл Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хъуыддæгты фæдыл фæдагуырдмæ тагъд рæстæджы рæвналдзæнис сæрмагондæй æрхуынд хæдбар æхсæнадон эксперт.

Культурон бынты фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, хуссарирыстойнаг хайадисджытæ ногæй рæвæрдтой фарста, цæмæй фæстæмæ здæхт æрцæуа Хуссар Ирыстоны музейæ кæй ахастой æмæ ныртæккæ Гуырдзыстоны чи ис, уыцы уникалон икона-триптих. Ногæй та хъусдард здæхт æрцыдис, ныртæккæ Гуырдзыстон кæуыл контроль кæны, уыцы Скæсæн Ирыстоны территоритыл цы ирон историон-культурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон бахъахъхъæнынæн тæссаг кæй у, уый фæдыл. Уæлдайдæр та уымæн æмæ, уырдыгæй кæй фæсырдтой, уыцы ирон цæрджыты уырдæм кæй нал уадзынц, уый тыххæй.

Куыд æнæобъективон æмæ тенденциозон, ахæм аргъ скодтой хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ Гуырдзыстоны минæвæртты ахæм бахъавдæн, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æндæр æмæ æндæр бынæттæ æвдыст цæуой, куыд «æхгæд зонатæ», кæцыты, дам, «хæлд цæуынц» адæймаджы бартæ. Банысан æрцыдис, зæгъгæ, ацы политикон провокацийы нысан у, цæмæй дыууæ паддзахады фенын кæной сзыгъуыммæгондæй æмæ сæ къухты бафта уыдоны æхсæнадæмон изоляци.

Йæ куыст кæронмæ кæмæн ахæццæ, уыцы раунды лигъдæтты проблемæты тыххæй дзырд нæ цыдис. Куыд зыны, афтæмæй лигъдæтты тематикæйыл уынаффæйæн гæнæн уыдзæнис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон йæ къух сиса ацы проблемæйы фæдыл хæдаразгæ политизацийыл.
Женевайы æхсæнадæмон дискусситы 33-æм раунды фæлгæтты уагъд æрцыдис информацион сесси историон-культурон æргъадтæ хъахъхъæныны æхсæ хатдзæгтæнадæмон-барадон аспектты фæдыл.

Сессийы куыст фæуыны фæстæ раунды куысты фæдыл арæзт æрцыдысты хатдзæгтæ.

Дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæнис 2015 азы декабры.

Женева, 2015 азы 8 октябрь

 

21.10.2015